Гуырдзыстонмæ 10-æм апрелы европарламенты æдасдзинад æмæ хихъахъхъæнады комитеты делегаци æрцæудзæн
Гуырдзыстонмæ 10-æм апрелы европарламенты æдасдзинад æмæ хихъахъхъæнады комитеты делегаци æрцæудзæн
Европарламентартæ аргъ раддзысты Украинайы ныхмæ Уæрæсейы хæсты фæстиуджытæ Гуырдзыстоны æмæ бавдисдзысты сæрмагонд солидарондзинад æмæ фарсылхæцындзинад бæстæйы территорион æнæхъæндзинадæн. Афтæ дæр саргъ кæндзысты бæстæйы Евроцæдисы цæстдарæг миссийы куыст.
Европон депутатты делегаци Гуырдзыстонмæ 10-14-æм апрелы сыххæст кæндзæн визит. Плангонд сты фембæлдтæ Гуырдзыстоны президент, премьер-министр, парламенты сæрдар æмæ хихъахъхъæнады министримæ. Афтæ дæр план кæнынц Абхази æмæ Хуссар Ирыстоны админстративон хахх бабæрæг кæнын.