Гуры æфсæддон госпиталы директор хъусын кæны, цæмæй клиникæ цæттæ у кæцыфæнды пациенты райсынмæ, сæ нымæцы Михеил Саакашвилийы дæр
Гуры æфсæддон госпиталы директоры, Малхаз Урткмелидзейы информацийæ, ацы этапыл клиникæйы территорийыл хæрдмæтæхæг не рбадтис æмæ нæдæр экспрезидент Михеил Саакашвилийы клиникæмæ не рбаластой.
Дохтыр куыд дзуры афтæмæй, уым ницы информаци ис, хъуамæ баласой æви нæ Гуры госпиталмæ Саакашвилийы, фæлæ хъусын кæны, цæмæй клиникæ цæттæ у кæцыæнды пациенты райсынмæ.
«Цæттæ стæм, нырма ницы хæрдмæтæхæг нæ фæзындис. Дзырæдуы уый фæдыл, цæмæй хъуамæ æрбаласой пациенты, ууыл мæм информаци нæй. Мах кæддæриддæр цæттæ стæм кæцыфæнды пациенты райсынмæ, сæ нымæцы Саакашвилийы дæр, куы бахъæуа, уæд. Информаци уый фæдыл, цæмæй ам хъуамæ æрбада хæрдмæтæхæг нын ничи фехъусын кодта. Гæнæн ис, æрбада. Мах цæттæ стæм цыфæнды ситуацимæ. Клиникæ у бирæпрофилон æмæ ам нæ бон у кæцыфæнды пациенты райсын», – райхъусн кодта Урткмелидзе.