Гурамишвилийы проспектыл уæвæг корпусмæ, æмбæстæгты сæрмагонд дзуама рахæссынæн, этапгай уадзынц
Тбилисы, Гурамишвилийы проспектыл уæвæг корпусы, цыран знон газ стыдта, ссыгъдæггæнæн куыстытæ дарддæр кæнынц.
Гырдзыстоны Фыццаг Къаналы журналист куыд хъусын кæны афтæмæй, корпусы цæрæг æмбæстæгтæн, сæ дзаума рахæссынæн æн патрулон пъæлицæйы æдхъусдардæй уадзынц.
Надзаладевийы районы гамгебелийы, Ираклий Хеладзейы информацийæ, зианы бахыгъд, ныссыгъдæгæгæнæн куыстыты фæстæ райдайдзысты. Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ, ныр бæрæг кæнынц, бакомкоммæ лæууæг корпусы зиæнттæ.
Гамгебелийы информацийæ, æртæ æндæр æмæ æндæр фысымуаты, ацы афонмæ æрцæрын кодтой 208 адæймаг, æмтгæй райсгæйæ 52 хæдзары бинонтæ. Боны кæронмæ та фæнысангонд æмбæстæгты нымæц, гæнæн ис ноджы райрæза.
Надзаладевийы гамгеобайы куыд хъусын кæнынц афтæмæй, кæд асгæрсты фæстиуæгæн, корпус цæрынæн æдас уыдзæн, уæд æмбæстæгтæ сæрмагонд хæдзæрттæм æрыздæхдзысты иу къуыримæ, коммуникациты сног кæнынæн та 10 бон бахъæудзæн.