Гугутъианткарийы телæмбондтæй зианбавзарæг æртæ бинонтæ паддзахадæй æххуыс райсдзысты
Фидыды æмæ æбæстагон æмсæрады фарстаты паддзахадон министр Кетеван Цихелашвили бæрæгдзау уыдис Гуры, Гиви Размадзейы æмæ Лавренти Гугутишвилитæм, кæцыты хæдзæрттæ Гугутъианткарийы, æнæзакъононæй телæмбонд айтындзыны фæстиуæгæн æмбонды иннæ фарс баззадысты.
Паддзахадон министры пресс-куысты информацийæ, Кетеван Цихелашвилийы визиты нысан уыдис, хицауад æмæ премьер-министры æрдгæй фарсхæцын ноджы иу хатт равдисын æмæ зианбавзарæг бинонтимæ æххуысы æмæ уыцы къахдзæфты фæдыл æрныхас кæнын, кæцытæ сплан кодта хицауад.
Сæ бæрæггæнæнтæм гæсгæ, Лавренти Гугутишвилийы æмæ Гиви Размадзейы бинонтæ, хицауадæй райсдзысты зæххы фадыг, кæцыйы бакусын уыдзæн сæ бон. Уыдонмæ афтæдæр лæвæрд æрцæудзæн æхцайæ æххуыс иухаттон социалон æхухысы хуызæй. Уыдонæн афтæдæр закъонмæ гæсгæ сбæлвырд кæндзысты æмæ сæм адæтдзысты сæрмæмулкмæ зæххы фадгуытæ æмæ хæдзæрттæ Гуры, кæцыты цардысты 2008 азы Августы хæсты æмæ Гугутъианткарийы сæ хæдзæрттыл бомбæппæрсты фæстæ. Бинонты уæнгтæн, кæцытæ æнæниз не сты, паддзахад сфитонг кæндзæн алы хъæугæ медикаменттæй. Афтæдæр сын банхъарыдысты æнæаргъ профессион ахуыртæ.
Паддзахад афтæдæр æнцой дары Амиран Гугутишвилийы бинонтæн, кæцыты хæдзар телæмбонд айтындзыны фæстиуæгæн гуырдзиаг фарсы кантролгонд территорийыл баззад фæлæ йæм бацæуæн нæй. Амиран Гугутишвилийы бинонтæ, райсдзысты иухаттон социалон æххуыс.
«Абон уыдыстæм Гуры, Размадзеты æмæ Гугутишвилиты бинонтæм. Уыдон 2008 азы кæм царынц уыцы ран, Августы хæсты æмæ уырыссаг интервенцийы фæстиуæгæн сæ хæдзæрттæ Гугутъинаткарийы бомбæппæрстæй кæй базиан сты уый фæстæ. Або нам дæн уый тыххæй сæмæ сын хицауады æрдгæй æххуыс æмæ фарсмæлæуд равдисон. Афтæдæр сын баххуыс кæнæм конктретон формæтæй. Ам дзырдæуы социалон æххуысыл æмæ уыцы хæдзæртты закъонмæ гæсгæ сбæлвырд кæныныл кæцыты дæр цæрынц абон. Афтæдæр уый тыххæй цæмæй сæм уа фадат, æмæ сæм уа хъæууон хæдзарадæн бæзгæ зæххы фадыг. Ахæм у сæ фæнд, æмæ паддзахад максималон бацархайдзæн уый тыххæй» – райхъусын кодта Цихелашвили.