The Guardian – вакцинацийы ныхмæ кампанийы фæстæ лæууынц уырыссаг интернет-троллтæ
The Guardian – вакцинацийы  ныхмæ кампанийы фæстæ лæууынц уырыссаг  интернет-троллтæ

Уæрæсейы  интернет-троллтæн ног рард фæзынд.  Уыдон  интернет-тыгъдады  вакцинацийы  ныхмæ  ахæлиугонд   мæнг  информацийæ  ныгуылæйнаг   дзыллæйы   идеологионæй  адих  афадын  архайынц –  уый фæдыл  фыссы  бритайнаг рауагъдад  The Guardian.

The Guardian-ы  статийы  публикацигонд у,  Джордж Вашингтоны   университеты  цалдæр профессоры  уагъд иртасæн.  Иртасæны  фæлгæтты, Вашингтоны  университеты специалон   къорд,   социалон хызагы, сæрмагондæй та  Twitter æмæ  Facebook-ы, вакицнацийы  æдасдзинады  фæдыл  уагъд дебаттæ  бацахуыр кодта.

Цалдæр мæййон  цæстдарды фæстæ,   фæбæрæг ис,  цæмæй  иу мидисджын информаци хæссæг постыты, социалон хызагы  парахат кодтой  пайдагæнджытæ, кæцыты хай  2016 азы  АИШ-ы  президентон æвзæрстыты  агъоммæ  архайдтой националистон æмæ  антимиграцион   ахаст сразæнгард кæнын.

«Джордж Вашингтоны  университеты  информацийæ,   вакцинацийы  æдасдзинады  фæдыл  дебаттæ  интернеты  раззаг азтимæ  абаргæйæ  22  хаттонæй  райрæзт. Интернерт  троллтæ  архайынц , Европаг æмæ Америкаг  дзыллæты  æхсæн  вакицнацийы  æдæм æнæууæнк  æрфидар кæнын.  Парахат кæнынц  информацийы,   цæмæй   вакцинаци  сывæллæты  æндæр æмæ æндæр тæссаг низтæ  æвзæрын кæны» -дзырдæуы статийы.

The Guardian-имæ интервьюйы  Вашингтоны  университеты  информатикæйы факультеты   иртасæг Девид  Бронатовски  дзуры, цæмæй   ацы  дебаттæ  зæгъгæ,  бирæ  æмбæстагмæ бандæвдтой,  кæцыйы фæстиуæгæн  бæрæг хайы бауырндыта, цæмйæ   вакцинаци сæ сывæллонæн   знаггадгæнаг  уыдаит.

«Провокаци фæстиуæг æрхаста. Европæйы ацы азы  фадынæг  тыхджын ахæлиу ис» -райхъусын кодта  Девид  Бронатовски.

Фæнысанкæнинаг у  уыцы факт дæр,  æмæ Æнæнизхъахъхъæды  дунейы  организацийы информаийæ,   ацы аз  фадынæгы   инфекцион вирусон низ,  Европæйы  абухы. Сеппæтæй  фылдæр цау та, Сербийы, Украинæ  æмæ Гуырдзыстоны  сфиксир ис – бæстæты, цы ран уырыссаг пропагандæ  фидар кусы.