Guardian – Гуырдзыстоны бритайнаг адвокат сиды, цæмæй Уæрæсе Европон тæрхондоны шантаж кæны
Guardian – Гуырдзыстоны бритайнаг адвокат сиды, цæмæй Уæрæсе Европон тæрхондоны шантаж кæны

Guardian – Гуырдзыстоны бритайнаг адвокат сиды, цæмæй Уæрæсе Европон тæрхондоны шантаж кæны

Бритайнаг Guardian -имæ ныхасы рæстæджы Гуырдызстоны бритайнаг адвокат сиды, цæмæй Уæрæсе Европайы адæймагы барты тæрхондонæй ацыдæй æртхъирæн кæны. Кæд æмæ тæрхондон æскъуыддзаг Мæскуыйы пайдайæн нæ райсдзæн. Бен Емерсон ацы расидæн абон Страсбургы сарæзта, кæцыйы Уæрæсейы ныхмæ Гуырдзыстоны хъастыл фæстаг байхъуыст цыд.

«Алкæмæн у зындгонд, цæмæй Уæрæсе гом æмæ афтæ дæр сусæг фембæлдтыл архайы, цæмæй тæрхондон Мæскуыйы пайдайæн райса æскъуыддзаг. Уæрæсе æртхъирæн кæны тæрхондонæй ацыдæй æмæ финансирдзинад фæурæдæй» – сиды адвокат.

Guardian -ы публикацийы нысангонд у, цæмæй Гуырдызстон Уæрæсейы аххосджын кæны 2008 æм азы хæсты рæстæджы адæймагы барты хæлды.

«Гуырдызстоны сидынц, цæмæй уырыссаг хæдтæхджытæ фондз боны мидæг 100-йæ фылдæр цæф æрхастой. Ис бæлвырдгæнджытæ, цæмæй уырыссаг бомбæтæ гражданон уæнгты ныхмæ спайда кодтой» -фыссы Guardian .

Публикацийы ис фыст, цæмæй 2016-æм азы адæймагы барты европон тæрхондон 30-æй фылдæр æвдисæгмæ байхъуыста.