Григорий Карасин – 2008-æм азы къухфыст, æхст фæурæды документ æнæхъæнæй у æхæхстгонд
Григорий Карасин – 2008-æм азы къухфыст, æхст фæурæды документ æнæхъæнæй у æхæхстгонд
2008-æм азы къухфыст, æхст фæурæды документ æнæхъæнæй у æхæхстгонд – уый фæдыл Уæрæсейы æттаг хъуыдтæгты министры хæдивæг Григорий Карасин расидтис.
«2008-æм азы августы бадзырдыл фæуынаффæ кодтам, 2008 æм, 2009-æм æмæ 2010-æм азы. Уый фæстæ бадзырдтам, цæмæй документ æхст фæурæды фæдыл æхæхстгонд у. Æз нæ зонын, цæмæн у ацы темæ актуалон, æз уын сидын, цæмæй 2008-æм азы къухфыст документ æнæхъæнæй у æхæхстгонд» -банысан кодта Григорий Карасин.
Уæрæсейы æттаг хъуыдтæгты министры хæдивæг афтæ дæр сиды, цæмæй Уæрæсе алы ист хæс сыххæст кодта.
«Уæрæсе ацы бадзырды алы пункт сыххæст кодта. Уæрæсе фæндзæм пунк дæр сыххæст кодта, фæнды уын зæгъон кæд сыххæст кодта алы ис хæслæвæрд, 2008 æм азы 9-æм октябры æхсæв. Уæрæсейы гæрзифтонг тыхтæм та цы хауы, уыдон сты Гуырдзыстоны територийыл нæ, фæлæ Хуссар Ирыстон æмæ Абхазийы территоритыл.
Уæрæсе ацы территоритыл уымæн ис æмæ Натойы активондзинад рæзы Хуссар Кавказы уæлдай дæр та Гуырдзыстоны» -банысан кодта Григорий Карасин.