Григол Лилуашвили Женевæйы æхсæнадæмон  дискусситы æмсæрдар, Виорел Мошануимæ фембæлдис
Григол Лилуашвили Женевæйы æхсæнадæмон дискусситы æмсæрдар, Виорел Мошануимæ фембæлдис

Гуырдзыстоны паддзахадон æдасзинады  куысты хистæр  Григол Лилуашвили  Хуссар Кавказы  OSCE-ы архайæг  сæрдары специалон минæваримæ, Женевæйы  æхсæнадæмон  дискусситы  æмсæрдаримæ Виорел  Мошануимæ фембæлдис.

ПÆК-ы  ахæлиугонд информацийæ гæсгæйæ, фарсытæ  æркастысты  оккупацигонд территориты æмæ  оккупацион хаххы дæргъмæ уæвæг   уавæр, афтæма æдасдзинады сферæйы  уæвæг  расидтытæ.

«Ныхас уыд Уæрæсейы оккупацион тыхтæ Гуырдзыстоны æмбæсæгты кæй амардтой,  уыцы хъуыддагыл. Сæрмгаонд хъусдард здæхт уыдис оккупацигонд территоритыл æнæзакъонон  ахсты уæвæг  Гуырдзыстоны æмбæстæгты æнæуæлдайнысæнæй ссæрибар кæныны фарстамæ.  Афтæма  бавнæлдтой æнæзакъонон а.х. бордеризацийы процессы темæмæ.

Хаххгондæй банысан ис  Виорел Мошануйы æмæ æмтгæй  зæгъгæйæ, Женевæйы  æхсæнадæмон дискусситы  æмсæрдæртты оккупацигонд Абхаз æмæ Цхинвалы регионы цæугæ процессты  активон æмархайды  æрдгæй сæххæст  тыхархайд.

Афтæма банысан ис Евроцæдисы цæстдарг миссийы (EUMM)-ы сæрмагонд роь  оккупацион хаххы дæргъмæ  стабилондзинад ифтонгады  контексты. Хъусдард  здæхт уыдис мандатмæ гæсгæйæ миссийы  оккупацигонд территоритæм æнарæн бауадзыны  æнæаргъæвгæ хъæуындзинадыл.

Бахахх ис  бадзырды уæвæг  форматты, сæрмагондæй, Женевæйы æхсæнадæмон  дискусситы æмæ инциденттæ  превенцийы æмæ сыл реагир кæныны  механизмы фембæлдты потенциалæй  эффективонæй спайда кæныны  æмæ стынг кæныны æнæмæнг хъæугæдзинад», – банысангонд у падзахадон  æдасдзинады куысты информацийы.