Google Maps-мæ æфтыд æрцыд  гуырдзиаг æвзаг
Google Maps-мæ æфтыд æрцыд гуырдзиаг æвзаг

Компани Google  сæрмагонд   картæты  сервисы Google Maps-ы рауæнæг кæныны фæдыл  хъусын кæны.

Сервисмæ  уæлæмхас  æрцыд 39 ног æвзаг, сæ нымæцы гуырдзиаг  æвзаг дæр.  Æдæппæт  ногдзинад  дунейы  цæрæг  1,25  миллиард  адæймагмæ баххæсдзæн.

Ног æвзæгтæ æфтыд цæуынц  Google Maps-ы  мобилон  æмæ   десктоп верситæм, iOS, Android, Mac, æмæ  Windows OS платформæтæм.

Google-ы   публикацигонд   демонстрацион   къамыл  æвдыст у  Google Maps-ы  интерфейс  сомихаг æвзагыл.

Ног æвзæгты  нымæцы ис:  Арикааанс,  албайнаг, амхараг, азербайджайнаг, сомихаг, баоснийаг,  бирмæйаг, хорватиаг, чехаг, данийаг, эстойнаг, филлиппинаг, финнаг,  гуырдзиаг, дзуттаг,  исландиаг,  индонезиаг, хъазахаг,  кхмераг,  хъиргизаг,  лаосаг,  латвийаг,  литвæйæг,  македониаг,  малайаг, монгойлаг,  норвегиаг,  персаг,  румынаг, сербаг, словакаг,  словениаг,  суахили, шведаг, туркаг,  украинаг, узбекаг,  вьетнамаг, зуллу.

Уæ бон  у  рафыссат  Google Maps-ы  уæлæмхасæн Android-ы æмæ   iOS-ыл  кæнæ   спайда кæнат  десктоп-версийæ.

 

Google Maps 2004  азы  октябры  æрцыд  бындурæвæрд  æмæ   сæрыфыццагæй  æнцонвадат уыд  æрмæст   аншисаг æвзагыл. Стæй  йæм æфтыд æрцыд æндæр æвзæгтæ дæр.

Æрвылбононæй, æппæт дунейы сервисæй  пайда кæны милуангай  адæймаг.