Гомборы æфцæгыл знон цы аварий æрцыд уый фæстиуæгæн фæцæфуæвджытæй Телавы рефералон рынчындоны ма ацы рæстæгмæ хуыссынц аст пациенты
Гомборы æфцæгыл знон цы аварий æрцыд уый фæстиуæгæн фæцæфуæвджытæй Телавы рефералон рынчындоны ма ацы рæстæгмæ хуыссынц аст пациенты. Уый тыххæй Фыццаг Къаналæн фехъусын кодта рынчындоны директор, Хатуна Чъониашвили. Йæ ныхæстæм дысон æхсæвы æмæ абон сæумæрайсом Тбилисмæ сæххæст цыппар æнахъомы транспортаци. Сæ нымæцы уыцы сывæллæттæ, кæцытæн аварийы фæстиуæгæн амард мад æмæ мады мад.
Чъониашвилийы информацийæ, рынчындоны ис чызг, кæцыйæн знон сырæзт операци. Йæ æнæниздзинады уавæр у стабимлон. Авд пациенты Телавы рефералон рынчындонæй гæнæн ис абон рафыысой.
Гомборыл 9 июны æрцæугæ аварийы фæстиуæгæн амард 4 адæймаг æмæ 21 та фæцæф. Фæмардуæвджыты нымæцы иу æнахъом ис.
Фæдæвзарæны фыццагон версийæ, Гомборы æфцæгыл маршрутон таксийы тæрæг, здахæнæн нал бахъом ис, фæндгæй ахызт æмæ адагмæ ахаудта. Микроавтобусы экскурсимæ цæуæг сывæллæттæ, педагогтæ æмæ ныйарджытиæ бадтысты.