Гом тыгъдадты культурон мадзæлтты ауагъд абонæй ис гæнæн
Гуырдзыстоны премьер-министр Гиоргий Гахария фарастæм июлы хицауады рабадтыл расидтис, цæмæй мидтуризм ноджы актуалон дæр кæны æмæ гом тыгъдадты культурон мадзæлтты ауагъд нысаниуæгджын у.
«Ноджы иу æскъуыддзаг, кæцы Гуырдзыстоны хицауад райста, 13-æм июлæй гом тыгъдадты культурон мадзæлтты ауагъд абонæй ис гæнæн. Хъуыды кæнын, ныр, сæрды периоды, уæд кæд æмæ мидтуризм ноджы актуалон дæр у, тынг нысаниуæгджын у ацы æскъуыддзаг.
Афтæ дæр алы уыцы мадзал, кæцыйы æндæр æмæ æндæр нысаниуæгджындзинад ис, фæлæ гом тыгъдады цæуы уагъд уыдзæн барлæвæрд. Фæстаг периоды стыр æркуырд уыд райтыгъды ауагъды фæдыл», -расидтис премьер.