Гом тыгъдад цы æхсæнадон хæлцады объекттæн ис, уыдон райсомæй байгом уыдзысты
Гом тыгъдад цы æхсæнадон хæлцады объекттæн ис, уыдон райсомæй байгом уыдзысты. Иу фынгы цур, æхсæз адæймагæй фылдæр æрбадын кæнын бар нæ уыдзæн. Уæлвæтк уыдзæн æрмæст, фынгмæ 12 азы онг кары сывæллон æруадзын.
Рекомендацимæ гæсгæ, фынгтæ кæрæдзийæ 2 метр дæрццæг, æрмæст бандæтты чълдымтты æхсæн та иу метрæй къаддæр ма хъуамæ уа.
Кæд æмæ 2 метры бæрц æдас дистанци хъахъхъæнын не нтысы, уæд гæнæн ис рæстæгмæ хъахъхъæнæн барьер сæвæрын. Фæлæ уыдæтты æвæрын бар ис æрмæстдæр 30 м2-ы онг хæрæндон фæзуаты. 31 м2-æй фылдæр та, гæнæн ис хъахъъхæнæг барьертæ сæвæрын, иумæйаг хæлцадон фæзуаты 50% ( ацы цауы иу адæймагæн хъуамæ уа нымад 1,8 м2 фæзуат).
Рекомендацимæ гæсгæ, хæлцадон объект хъуамæ сифтонг кæна уазджытæн мыхуыр (иухаттон) менютæ раттын. Электронон меню банхъарыны цауы та, менюйы цур хъуам æрывæрæт, къухты гигиенон базилынæн дезинфекион фæрæзтæ.