«Гом Æхсæнады Фонд» - Курæг Гуырдзыстоны парламентæй, æнæаргъæвгæйæ райдайæт  æххæстгæнæг  хицауады  æрдæм Гуырдзыстоны конституцийæ  бæрæг  политикон  æмæ  барадон бæрны  механизмтæй архайын
«Гом Æхсæнады Фонд» - Курæг Гуырдзыстоны парламентæй, æнæаргъæвгæйæ райдайæт æххæстгæнæг хицауады æрдæм Гуырдзыстоны конституцийæ бæрæг политикон æмæ барадон бæрны механизмтæй архайын

Стыр зæрдæхъыгæй    тæфæрфæс кæнæм  телекомпани «Тв Пирвелийы»  оператор Лексо Лашкаравайы  бинонтæн, «Тви Пирвелийы»  балæн  æмæ журналистты корпусæн.  Лексо Лашкарава  уыд  медийы   уыцы  50-йæ  фылдæр минæварæй сæ иу, кæцы  5 июлы   фдзæрдæ   къордты   масштабон æмæ  тызмæг  тыхмидзинады амæттаг  фесты» –  уый фæдыл  дзырдæуы  «Гом Æхсæнады фонды»  ахæлиугонд  фидиуæны.

«Тыхмигæнæг  къордты бауромынæн  хицауад ницы  сарызта.  5 июлы  тыхмидзинады  уæззау  фæстиуджытыл  бæрнон  сты  премьер-министр æмæ  мидхъуыддæгты министр, кæцытæ æнæаргъæвгæйæ  хъуамæ сисæт сæхи сæ куыст бынæттæй. Курæг стæм Гуырдзыстоны парламентæй,  æнæаргъæвгæйæ райдайæт  æххæстгæнæг  хицауады  æрдæм Гуырдзыстоны конституцийæ  бæрæг  политикон  æмæ  барадон бæрны  механизмтæй архайын» – дзырæдуы фидиуæны.