Годердзийы æфцæгыл автотранспорты змæлд урæд æрцыд.
Информаци уый тыххæй хъусын кæны Гуырдзыстоны регионалон рæзынады æмæ инфраструктурæйы министрады автомобилон фæндæгты департамент.
«Вазыгджын метеорологион уавæрты тыххæй, мидпаддзахадон нысаниуæгы Батум(Ангиса) –Ахалцихейы автомобилон фæндаджы км106-км117 (Годердзийы æфцæг) фадыгыл, алы хуызы автотранспорты змæлд тобæгонд у.
Фæндаджы иннæ фадгуытыл автотранспорты змæлд сæрибар у», – банысангонд у информацийы.