Гоча Лорткипанидзе – Страсбургы Тæрхондоны уынаффæ бæлвырд кæны, цæмæй Цхинвалы регион æмæ Абхаз сты Гуырдзыстоны æнæбайсгæ хай
Страсбургы тæрхондоны уынаффæ бæлвырд кæны, Цхинвалы регион æмæ Абхаз Гуырдзыстоны æнæбайсгæ хæйттæ кæй сты, уый, – ацы фидиуæн, юстицийы министр Гоча Лорткипанидзе парламенты цыппар комитеты иугонд рабадтыл раныхасы рæстæджы сарызта.
Гоча Лорткипанидзейы хыгъдлæвæрд 21 январы Страсбургы Тæрхондоны бæстæ цы историон уæлахиздзинадмæ æрцыд, уый фæдыл у.
«Стыр Палатæйы уынаффæ, кæцы кæронгæнæг у æмæ йыл бахъаст кæнæн нал ис, бæлвырд кæны уый æмæ – Цхинвалы регион æмæ Абхаз Гуырдзыстоны территорийы æнæбайсгæ хæйттæ сты; хæстон архæйдты фæстиуæгæн Уæрæсе сæххæст кодта Цхинвалы регионы æмæ Абхазы (кæнæ та Гуырдзыстоны нæдихгæнгæ хæйтты) оккупаци, уымæй гæсгæ, ацы территориты Уæрæсейы æрдгæй эффективон контроль.
2008 азы августы хæсты рæстæджы Уæрæсе сæххæст кодта гуырдзиæгты этникон ныссыгъдæг æмæ Уæрæсейы æрдгæй фæнысангонд политикæ, абоны онг дарддæр кæны. Тæрхондон йæ уынаыффæйы кой кæны хъуыды «этникон ныссыгъдæг»; Уæрæсейыл, куыд эффективон контролы æмæ оккупаци сæххæстгæнæг падзахадыл æвæрд цæуы барадон бæрн змæлгæ оккупацийы фæстиуджыты тыххæй де-факто оргæнты архæйдтытæ хынцгæйæ, кæнæ та цыфæнды инциденты тыххæй оккупацион хаххы дæргъмæ кæнæ оккупацигонд регионты мидæг. Банысан кæнын хъæуы уый æмæ тæрхондон ацы цауы рапарахат кодта практикæйы уæвæг термин «эффективон контрол» æмæ йæ комкоммæ схуыдта «оккупаци»-йæ.
Тæрхондон сепаратистты Уæрæсейы дæлбар уæвын, кæнæ та Уæрæсейы контроль сбæрæг кодта, куыд дардмæ цæугæйæ – 2008 азы хæсты онг, хæсты дæргъы æмæ уый фæстæ периоды.
Нысаниуæгджын у уый, цæмæй тæрхондон, фактонæй дзуры: бынативды сæрибары (4-æм протоколы 2-аг стати) халын дарддæр кæны абоны онг, æрмæст Уæрæсейыл та тæрхондон лигъдæтты фæстæмæ æрыздахыны хæс комкоммæ сæвæрдта, кæцыйæ æнæмæнгæй спайда кæндзыстæм фæнысангонд хæс сыххæсты этапыл;
Тæрхондон алы уæлдæрбанысангонд цауы рабæрæг кодта Уæрæсейы æрдгæй халындзинад администрацион практикæйы хуызæй, кæцы нысаниуæгджынæй тыхджын кæны 2018 азы цы æхсæнпаддзахадон хъаст бахастам уый, кæцы у дæргъвæтин оккупацийы фæстиуджыты æмæ Уæрæсейы Федерацийы администрацион практикæйы фæдыл оккупацион хаххы дæргъмæ æмæ оккупацигонд регионты;
Тæрхондон афтæдæр фактонæй загъта, цæмæй Уæрæсейы æрдгæй æнхъæлцау, сыххæст сты хæстон фыдракæндтæ хæстон архæйдтыты активон этапыл (8-12 август), кæцыйы фæд равзарын хæсджын уыдис æхсæнадæмон гуманитарон барады нормæтæм гæсгæйæ. Гуырдзыстон райхуъсын кодта, цæмæй Уæрæсе Гуырдзыстонæн 2008 азы фæзындты æмæ ацы периоды æнхъæлцау сыххæст фыдракæндты адекватон æмæ эффективон фæдагуырды фадат нæ дæтты, кæцы Гаагайы Тæрхондоны юрисдикцимæ гæсгæйæ ацы фыдракæнды фæдагуырды æмæ Гаагайы Тæрхондонимæ нæ æмгуыстад æнæмæнгхъæугæйæ кæны», – райхуъсын кодта Лорткипанидзе.