Гоча Лорткипанидзе Гаагайы тæрхондоны тæрхонгæнæгæй сывзæрстой
Гоча Лорткипанидзейы тугрæстдзинады æппæтдуноен тæрхондоны тæрхонгæнæгæй сывзæрстой.
Уый фæдыл Гаагайы тæрхондоны веб-фарсыл рапарахат ис информаци.
18-æм декабры Гоча Лорткипанидзе Гуырдызстоны юстицийы министрæй бавдыстой. Уый Гиоргий Гахариайы хицауады сконды номхыгъдмæ у хаст.
Гоча Лорткипанидзе 2013-æм азæй Гуырдызстоны юстицийы минситры хæдивæг у. 1991-2005азты куыста æттаг хъуыдтæгты минситрады æндæр æмæ æндæр посттыл дипломатийы сферайы, уыд æппæтдуноен организациты дæлхайады кусæг, ИНО-йы офисы сæрдары хæдивæг, æттаг хъуыдтæгты министры амонæг, уæлвæткъон хæслæвæрдты минæвар æмæ конфликтты фарстаты къорды къухдариуæг. 1999 -2003 азты куыста ИНО-йы Гуырдзыстоны бæрноны амонæгæй, уый фæстæ та хистæр амонæгæй. 2005-æм азы снысан ис Гуырдзыстоны премьер-министры амонæгæй æттаг æмахастыты æмæ æппæтдуноен рæстады фарстаты, къухдариуæг кодта премьер-минситры фæсарæйнаг æмахастыты службæйæн. 2007 æм азы ссис Фулбрайты стипендиант æмæ йæ куыст Нью-Йоркы академион сферайы адаргъ кодта, 2007-2010 æм азты уыд Колумбийы университеты иртасæг, 2010 -2013 азты та уыцы университеты профессор.