Глобалон терроризмы индексмæ гæсгæйæ,  Гуырдзыстон Дунейы раздзог бæстæты æхсæн ис
Глобалон терроризмы индексмæ гæсгæйæ, Гуырдзыстон Дунейы раздзог бæстæты æхсæн ис

Глобалон  терроризмы  индексæй, Гуырдзыстон  дунейы  раздзог  бæстæты  æхсæн ис.  Хыгъдлæвæрды кæцыйы  2023  азæн у аргълæвæрд,  æхсæнадæмон  организаци  æмæ аналитикон центр «экономикæйы æмæ  сабырады институт» (IEP)  публикаци кæны.

Глобалон терроризмы 2024 азы  индексмæ гæсгæ, Гуырдзыстон терроризмы нулы йас  æмвæзад цы бæстæтæн ис  уыдоны æхсæн ис.  Гуырдзыстон ацы  бæрæггæнæнæй  50  бæстæимæ иумæ, кæнæ та  фæстаг – 89-æм бынат ахсы.

Хыгъдлæвæрды банысангонд у, цæмæй глобалон  терроризмы   тасы  æрдгæй  Гуырдызстоны уавæр 2013-2023 азты, 2,629  баллæй  фæхуыздæр ис.  2012 азы  хыгълæвæрдæй, Гуырдзыстон  рейтингы 41-æм бынат ахста.

«Экономикæйы æмæ сабырады  институты»  иртасджытæ глобалон  ерроризмы  индексы бакусынæн  ахæм фактортæй  къухдариуæг кæнынц, цахæмдæр сты террористон инцидентты, амæттагы, зианбавзаржыты æмæ амынæты нымæц.

Хыгъдлæвæрды автортæ  банысан кодтой, цæмæй  2023  азы  терроризмы фæстиуæгæн   фæмардуæвджыты  нымæц дунейы  22  процентæй  райрæзтис æмæ 8  352-ы бæрц у, кæцы у сегасдæр  бæрзонддæр бæрæггæнæг  2017 азы фæстæ, фæлæ амæттагы  нымæцы рæзтмæ нæкæсгæ, террористон инцидентты нымæц дунейы фæкъаддæр ис.  Бырстыты   нымæц фæкаддæр ис  22 процентæй.  Дунейы  ивгъуыд азы   сегасдæр  бирæ террористон  инцидент  Пакистаны  æрцыд, цы ран  490  бырст бахыгъд кодтой. 2023 азы сегасдæр   масштабон  террористон  бырстыл нымад æрцыд «Хамасы»  хæцжыты  7  октябры  бырст, кæцыйы амæттаг ссис  1 200 адæймаг.