«Глобал Файненс» Гуырдзыстоны бахаста, сеппæтæй динамикъон инвестицион зæрдæмæдзæугæ бæстæты ранымадмæ
«Глобал Файненс»  Гуырдзыстоны  бахаста, сеппæтæй  динамикъон инвестицион зæрдæмæдзæугæ бæстæты ранымадмæ

Æхсæнадæмон финансон  рауагъдад  «Глобал Файненс» (Global Finance) Гуырдзыстон, экономикон стабилондзинадыл,  фæткдæттынады  æмæ  бизнес-регуляциты  хъæды  бæрæггæнæнтыл æнцойæ,   сеппæтæй   динамикъон  инвестиционæй зæрдæмæдзæугæ  бæстæты  æхсæн схуыдта –  уый фæдыл информацийы, хъусын кæны Гуырдзыстоны  экономикæйы æмæ æнæфæцудгæ рæзынады  министрад.

Уагдоны информацийæ, «Глобал Файненс» (Global Finance) Гуырдзыстоны бакодта  уыцы  бæстæты  ранымадмæ,  кæцыты æрдæм хъусдард раздахын хъæуы, цырд рæзынады  æмæ  инвесторты æрдгæй  интенсивон интересы тыххæй.  Фæнысангонд къорды Гуырдзыстон у  раздзог  европаг бæстæты æхсæн.

«Глобал Файненс»  фæнысангонд  аргълæвæрды  рæстæджы  æнцо кæны   фондз экономикон  компонентыл: æмтгæйон мидпродукты прогнозыл,  комкоммæ фæсарæйнаг  инвестициты ивдыл, коррупцийы æрдæм ахастыл бæстæйы,   бæстæйы  конкурентхъомадыл æмæ цас рæувадат у  бизнес амал кæнын. Афтæма, экономикон   компоненттæм гæсгæ,  Гуырдзыстон  хауы  топ 10  сеппæтæй  хуыздæр фæстиуæг  кæмæн ис уыцы  бæстæтæм, бизнес амалкæныны æмæ  коррупцийы  æрдæм  ахасты  компонентмæ гæсгæ.

«Глобал Файненсы»  аргълæвæрдæй,   глобалон  базарадон  тынгады  æмæ  мид проблемæты  тыххæй. 2018  аз, бирæ экономикæтæн уыд  ахизгæ  афæдз  валютæйы къурсы  æнкъуысты, базайрагон æргъты  фæкаддæры æмæ  инвесторты  æууæнк фæкаддæры   цæстæнгасæй.  Рауагъдады  аргълæвæрдæй, ацы фоныл  Гуырдзыстон у уыцы  бæстæты  æхсæн, кæцытæ бæрæг сты  егъау рæзынадæй  æмæ  инвесторты æрдгæй   рæзгæ интересæй»-  банысангонд у  экономикæйы  министрады  ахæлиугонд информацийы.

Уагдоны  хъусинагæй,  «Глобал Файненс»  Гуырдызстоны  тыххæй  фыссы  куыд ахæм бæстæйы  тыххæй, кæцы  бæрæг у  бизнес-æрдзы цырд  фæхуыздæрæй, бæрзонд рæзынадæй æмæ   фидар бастдзинадæй  Евроцæдисимæ.

Финысангонд аргълæвæрды тыххæй,  «Глобал Файненс» (Global Finance) æнцой кæны ахæм ратæдзæнтыл: «Æхсæнадæмон Валютон Фонд» ( IMF) – Дунейы экономикон афæлгæст (WEO), 2018 азы октябр; UNCTAD –  дунейы  инвестицион  хыгъдлæвæрд, 2018 аз июн; «Дунейы  экономикон  форум» (WORLD ECONOMIC FORUM) – глобалон конкурентхъомады хыгъдлæвæрд,2018 аз; «Æхсæнадæмон Рухсдзыддзинад» ( TRANSPARENCY INTERNATIONAL) –  коррупцийы æрдæм ахасты индексы, 2018 аз; «Дунеон Банкъ» (WORLD BANK) –  бизнес амал кæныны  рæувадатдзинад, 2019 аз.