Гиули Аласаниа – ныффыстмæ нæ байхъуыстон, нæ дæр мæ фæнды уымæ байхъусын
Ныффыстмæ нæ байхъуыстон, нæ дæр мæ фæнды, – уый фæдыл Гуырдзыстоны раздæры президенты, Михеил Саакашвилийы мад, Гиули Аласаниа абон публикацигонд аудиныффысты ффæдыл Гуырдзыстоны Фыццаг Каналæн загъта.
«Уый у гæддзинад. Кæцæй æрымысыдысты, цæй ныффыст, цавæр сæнттæ цæгъдынц. Ацы ныффыстмæ нгæ байхъуыстон, нæдæр мæ фæнды æмæ мын рæстæг дæр нæй ууыл бахардз кæнынæн. Алчи уыны, цы архайын æмæ цы аразын. Ныр та ног ныффыст æрымысыдысты» – райхъусын кодта Гиули Аласаниа.
Телекомпани «Рустави2» аудион ныффыст ахæлиу кодта. Телекомпанийы хъусинагæй, аудионыффысты, кæцыйы автентондзинад бæлвырд нæу, Гиули Аласаниа оппозицийы минæвæртты, «паразиттæ» хоны. Ныффысты Гиули Аласаниа афтæма ныхас кæны Саакашвилийы Гуырдзыстонмæ æрыздахыны хъуыддаджы Уæрæсейы факторыл. Телекомпанийы хъусинагæй, а удионыффыст арызт у Михеил Саакашвилийы Гуырдзыстонмæ æрцæуыны разхмæ æмæ бæрæг нæу кæйимæ ныхас кæны Гиули Аласаниа.