Гитанас Наусэда – Нысаниуæгджын у политикон фæнды консолидацидзинад Украинаимæ, Молдовæимæ  уæнгсуæвыны бадзырдтæ райдаынæн æмæ Гуырдзыстонæн та кандидаты статус раттынæн
Гитанас Наусэда – Нысаниуæгджын у политикон фæнды консолидацидзинад Украинаимæ, Молдовæимæ уæнгсуæвыны бадзырдтæ райдаынæн æмæ Гуырдзыстонæн та кандидаты статус раттынæн

Евроцæдисы ауæрæх у фæндаг  бирæ æдасдæр, стабилон æмæ размæцыд  Европæйы æрдæм, нæй нын бар цæмæй  ацы фадат нæ къухæй  ауадзæм – уый фæдыл  Лиетувæйы президент, Гитанас Наусэда  Таллины, Балтийы  бæстæты президентты фембæлдыл  райхъусын кодта.

Эстонийы, Латвийы æмæ Лиетувæйы президенттæ Евроцæисы ауæрæхы нысаниуæгыл  фæныхас кодтой.

«Æртæ бонмæ Европаг Совет  хъуамæ рахæсса  цæрæнбойнон  нысаниуæгы  уынаффæ Украинайы, Молдовæйы æмæ Гуырдзыстоны  Европаг  фидæны фæдыл.  Нысаниуæгджын Евроцæдисы уæнг бæстæты политикон  фæнды консолидацидзинад  Украинайы  æмæ Молдовæимæ  Евроцæдисы уæнгсуæвыны фæдыл бадзырдтæ райдаынæн æмæ Гуырдзыстонæн Евроцæдисмæ  каниддаты статус раттынæн. Уый  у геополитикон  уынаффæ, кæцы Европæйы  фидæн бæрæг кæны.  Нæй нын бар æмæ  нæдæр афтæ хæппол стæм,  цæмæй  нæ къухæй ауадзæм ацы фадат. Евроцæдисы ауæрæх  у фæндаг, фылдæр æдас,стабилондæр  æмæ  размæцыд  Европæйы æрдæм» –  райхъусын кодта Наусэда.

Йæхи æрдгæй,  Эстонийы президент, Алар Карис банысан кодта цæмæй  уынаффæтæ, кæцытæн Евроцæдис цæугæ къуырийы  плангонд  саммитыл рахæсдзæн  уыдзæн сигнал æппæт Дунейæн.

«Иумæ ныфс дарæм, цæмæй  размæ къахдзæф сараздзыстæм  ацы бæстæты европаг   фидæны  сыххæсты.  Уынаффæтæ, кæцытæ  рахæсдзыстæм  уыдзæн глобалон сигнал. Ныр  нæ  рæстæг у, равдисæм  цæмæй  Евроцæдис у фидар, хъæддых æмæ  цæттæ кæны ноджы куыд стыхджындæр уа  уымæ.   Уый у нæ  шанс, саразæм  стратегион  инвестици Европаг  сабырдзинады, æдасдзинады æмæ фарны.  Хъуамæ спайда кæнæм ацы моментæй   зондджынæй æмæ адарддæр кæнæм  Евроцæдисы  сегасдæр æнтыстджын  политикæ – ауæрæх» – райхъусын кодта Эстонийы   президент.