Гитанас Наусэда – Лиетувæ Гуырдзыстоны европаг æмæ евроатлантикон  интеграцийы фарсхæцæг у
Гитанас Наусэда – Лиетувæ Гуырдзыстоны европаг æмæ евроатлантикон интеграцийы фарсхæцæг у

Лиетувæ  йæ фарс дары  Гуырдзыстоны  тырнандæн,  фæарфдæр кæна  æмгуыстад  НАТО-имæ, йæ фарс хæцы Гуырдзыстоны  хæдбарадæн, йæ  территорион æнæхъæндзинадæн æмæ иудадзыг архæйдтытæн  стынг кæна бæстæйы  паддзахаддзинад, – уый фæдыл  Лиетувæйы президент  Гитанас Наусэда  Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвилимимæ   иуæймаг   брифингыл   райхъусын кодта.

Афтæма йæ дзырдæй, зæгъгæ, Лиетувæйы фæнды Гуырдзыстонæн уа  æнтыст æмæ суа Евроцæдисы  уæнг.

«Лиетувæ æмæ нæ адæм  Гуырдзыстоны  европаг æмæ  евроатлантикон   интеграцийы фарсдарæг стæм.  Ацы визит   ноджы иу  хатт бæлвырд кæны нæ   ахаст  æмæ хъæддыхдзинад.  Фембæлдыл  нын уыдис фадат, деталонæй  æркастаиккам  перспективæтæ Лиетувæ æмæ Гуырдзыстоны дыууæфарсон  æмгуыстады  сферæты, бæстæты æхсæн политикон  диалогыл æмæ   евроатлантикон   интеграцийæн  фарсхæцыныл,   институцион æмæ  æхсæнуагдонон  æмгуыстадыл», – райхъусын кодта Гитанас Наусэда.

Уыимæ  Лиетувæйы  президент  Саломэ Зурабишвилийæн  æмæ гуырдзиаг адæмæн ивгъуыд азы  Европаг   перспективæ раттыны фæдыл раарфæ кодта.

«Евроцæдисы уæнг суæвынмæ тырнынад  нæу цыбыр æмæ æнцон фæндаг. Уый у бæстæйы трансформацийы фæндаг. Уый у æнцонæмбарæн  æмæ  рахатинаг реформæтæ, кæцытæ  пайдаджын сты  бæстæйы æмбæстæгтæн.  Уырны нæ  бæстæйы   европаг перспективæйы æмæ  ныфсджын стæм, уый суыдзæн хицауадæн консолидацигæнæг, цæмæй  сыххæст кæна реформæтæ.

Фембæлдыл афтæдæр фæныхас кодтам   æдасдзинады æрдгæй  быцæусидтытыл, гибридон   æртхъирæнтыл æмæ дезинформацийыл.  Дзырд уыдис æнæмæнгхъæуындзинадыл, цæмæй  райрæза  æхсæнады  æнæцудгæдзинад,  сифтонг уа бæстæйы  институциты фадæттæ æмæ стыхджын уа проевропаг   æмæ проатлантикон   тырнынадтæ. Политиконæй  мотивиргонд хъуыддæгтæ æмæ æлхъывдмедийыл, афтæма æнæхицауадон организацитыл, нæу фæндаг, кæцы  стынг кæндзæн  демократий æмæ æмбæстæгты фæразондзинад», – банысан кодта Гитанас Наусэда.