Гитанас Науседа – хæларон фембæлд мын уыд Давит Залкалианиимæ, Лиетувæ хъæддых йæ фарс хæцы Гуырдзыстонæн йæ евроатлантикон тырнынадты
Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министр Давит Залкалиани официалон визиты фæлгæтты фембæлдис Лиетувæйы президентимæ.
«Лиетувæмæ визиты фæлгæтты мæм уыдис фадат фембæлын президент Гитанас Науседаимæ. Афæлгæстам регионон æдадсзинады, уæвæг æртхъирæнты æмæ сын бафæразыны фæдыл фарстатæ. Райгонд дæн хъæддых хæлардзинадæй, афтæма Гуырдзыстоны территорион æнæхъæндзинад æмæ суверенитетæн æххуысы, гуырдзыстоны евроатлантикон тырнанды æрдгæй æххуысы тыххæй» дзырдæуы давит залкалианийы «Твиттерæй» публикацигонд фидиуæны.
Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министримæ фембæлды фæдыл фыссы Лиетувæйы президент Гитанас Науседа дæр.
«Абон мын уыд тынг хæларон фембæлд Давит Залкалиимæ. Лиетувæ хъæддых йæ фарс хæцы Гуырдзыстонæн йæ евроатлантикон тырнынад. Фæхай кодтам Лиетувæйы фæлтæрддзинад æмæ нæ гуырдзиаг хæлæрттæм æрсидтыстæм, цæмæй баззайæд реформæты сыххæсты, демократи фæфидар кæныны æмæ дзæбæх фæткдæттынад стынг кæныны фæндагыл» – дзырдæуы Гитанас Науседайы «Твиттеры» публикацигонд фидиуæны.
Had an honor to meet H.E. President @GitanasNauseda within my visit to ??. Discussed issues on regional security, existing challenges & the ways to overcome them. Grateful for strong friendship, as well as support for ??’s sovereignty & terr. integrity & ??’s EU-NATO aspirations. pic.twitter.com/FhFb1yVGjQ
— David Zalkaliani (@DZalkaliani) January 20, 2022
Friendly meeting w/@DZalkaliani this morning. Lithuania ?? is a steady supporter of Georgia’s ?? Euro-Atlantic aspirations. Offered ?? expertise & encouraged our Georgian friends to stay on the path of reforms, consolidate democracy, strengthen good governance. pic.twitter.com/m3qungfl9t
— Gitanas Nausėda (@GitanasNauseda) January 20, 2022