Гиоргий Вашадзе парламентмæ официалонæй бацыд мандаты аивыны курдиатимæ
«Иудзинады националон змæлды» лидертæй иу Гиоргий Вашадзе официалонæй парламентмæ мандаты аивыны куырдиатæй басидтис. Уый фæдыл Вашадзе парламенты раз цæугæ митингыл расидтис.
Вашадзе куыд банысан кодта афтæмæй, ацы фарстайыл йæ коллегæтимæ нæ фæныхас кодта, кæд æмæ уырны, цæмæй уыдон дæр афтæ бакæндзысты.
«Ацы куырдиат ныридæгæн парламенты сфиксир ис æмæ æз домын æвæстиатæй, райсом, семæ мæ контакт фæурома. Уыдонимæ мæ ницы бæтты, нæй дзы мандат, нæй парламент. Ис ахæм хæдхуыйнæг буар æмæ сымах ис, тых сымахмæ ис æмæ уыдонмæ нæу», – расидтис Гиоргий Вашадзе æмæ митингы хайадисджытæн бузныг расидтис Руставелийы проспектыл уæвыны тыххæй.
Йæ ныхасмæ гæсгæ, абон ницы фæуд ис, фæлæ бынтон ног процесс райдайы.
«Мах хизæм ног этапмæ, кæд æмæ ацы бæстæйæн нæй хицауад. Иумæйагæй сараздзыстæм альтернативон механизмтæ, кæцытæ уыдзысты легитимон сымахæй æмæ райдайдзыстæм ахастытæ дунеон æмæхсæнадимæ, цæмæй фæстагмæ конкретон уа, цæмæй ацы æвзæрстытæ нæ банымайдзысты æмæ уыцы механизм, кæцы оппозицион коллегæтимæ иумæ сараздзыстæм, уыдзæн зындгонд куыд дæ минæвар. Уырны мæ, сараздзыстæм ахæм бæстæ, цыран стыр æмæ чысылæн уыдзæн сæхи аккаг бынат. Тагъд рæстæджы Гуырдызстоны уыдзæн стыр бæрæгбон, æмæ Гуырдзыстон æрттивдзæн æмæ уый æнæмæнгæй уыдзæн, цæуыл тох кæнæм – иугонд, тыхджын, Евроцæдисы уæнг Гуырдзыстон, уæздан адæймæгты бæстæ», – расидтис Гиоргий Вашадзе.