Гиоргий Шарашидзе – фыдракæнд куы сбæлвырд уа, уæд санкцитæ нæ, фæлæ ма алцы дæр логикон суыдзæн, æнæмæнг у фæдагуырд, фæлæ бынæттон нæ, хъæуы æууæнкджын æмæ логикон
Гиоргий Шарашидзе – фыдракæнд куы сбæлвырд уа, уæд санкцитæ нæ, фæлæ ма алцы дæр логикон суыдзæн, æнæмæнг у фæдагуырд, фæлæ бынæттон нæ, хъæуы æууæнкджын æмæ логикон

Гæнæн ис æмæ тынг уæззау аххосагимæ нын ис хъуыдтаг, кæд æмæ сабырадон митинггæнджыты ныхмæ закъонæй тобæгонд химион хæцæнгз уыд пайдагонд, уый  æнæ æмбæлон фæдагуырдæй ма хъуамæ баззайа – уый фæдыл парти «Гахария Гуырдзыстонæн» уæнг Гиоргий Шарашидзе расидтис.

Фарстæн, логикон  у æви нæ Хельсинкийы къамисы санкциты домæн, уæд Шарашидзе банысан кодта.

«Алцыппæт уыдзæн  логикон. Кæд уæззау фыдракæнд сбæлвырд уа, уæд гæнæн ис æмæ уыцы хицæн адæймæгтæн æрмæст санкцитæ нæ, фæлæ ма бирæ карздæр æфхæрд дæр æрцæуа æвæрд.Фыццаджы дæр хъæуы фæдагуырд, фæлæ бынæттон фæдагуырд нæ, кæцыйыл æхсæнады æууæнк нæй, фæлæ æууæнкджын, репутацион æмæ авторитетон. «Гуырдзийаг бæллиц» ацы периоды митингты фæдыл ницы раиртæста, æрмæст æнæзакъонон архайдтыты нæ, фæлæ  комкоммæ фыдракæндты фæдыл, кæцы полицийæгтæ æххæст кодтой сабырадон демонстрантты ныхмæ. Иу хъуыдтаг дæр нæ уыд гом. Иу полицийаг дæр нæ уыд  æрцыд æфхæрд.  Уый тыххæй хъæуы хæдбар фæдагуырд” -расидтис Шарашидзе.