Гиоргий Маргвелашвили Цъилкъаны Арчил Татунашвилийы бинонтæн мæсæллæ расидтис
Гиоргий Маргвелашвили Цъилкъаны Арчил Татунашвилийы бинонтæн мæсæллæ расидтис

Гиоргий Маргвелашвили Цъилкъаны Арчил Татунашвилийы бинонтæн мæсæллæ расидтис

Гуырдзыстоны президент Гиоргий Маргвелашвили Цъилкъаны , лыгъдонты цæрæн бынаты, абон Цхинвалы мардгонд Арчил Татунашвилийы бинонтæн мæсæллæ расидтис.

Президенты ныхасмæ гæсгæ, ПÆК кусы, куыд марды раргъæвды, афтæ дæр дыууæ ахстгонды æссæрибары фарстайыл.

«Махæй фæхъуыд адæймаг, кæцы Гуырдзыстонæн лæггад кодта, се æхсæн æппæтдунеон мисситы. Уый Гуырдзыстоны територийыл иу нæмыг дæр нæ фехста.

Уый лæггад кодта йæ фыдыбæстæйæн. Куысты фæстæ уый уыд сабырадон æмбæстаг. Ай у тынг æвирхъау лæгмард, кæцы стыр рызтæй бамхасæн ис окупацийы трагедимæ.

 

22 февралы окупиргонд Цхинвалы бæрнонтæ, Гуырдзыстоны æмбæстæгтæ Арчил Татунашвили, Леван Куташвили æмæ Иосиф Павлиашвилийы æнæзакононæй æрцахстой.

«Информацион фæрæзты рапарахат ис информаци, цæвиттонæй Арчил Татунашвили 23-æм февралы окупиргонд Цхинвалы рынчындоны фæмард. ПÆК-ы тæвд хаххы æрбадæттæгтæм гæсгæ, дэ-факто хицауад æмæ Уæрæсейы окупацион тыхты æрдыгæй, категорионæй æркуырдтой Арчил татунашвилийы марды æмæ иннæ уæнгты ахсты фæдыл информаци.

Банысанагонды фæдыл æнæмæнг у æппæтдунеон организациты æмæ Женевайы бадзырдты бæрнонты принципон реагирдзинад.