Гиоргий Маргвелашвили – Барновы уынгыл лæгмарды аххосджыны хъуыдтагыл уыд баст бинонты куырдиат æмæ пробацийы уагдоны позитивон аргълæвæрд
Гиоргий Маргвелашвили – Барновы уынгыл лæгмарды аххосджыны хъуыдтагыл уыд баст бинонты куырдиат æмæ пробацийы уагдоны позитивон аргълæвæрд
Гуырдзыстоны президенты расидæнмæ гæсгæ Барновы уынгыл æрцæугæ лæгмарды аххосджын Вепхвия Бакрадзейы хъуыдтаг батæригъæды комисы уыд бинонты куырдиат æмæ пробацийы уагдоны позитивон аргълæвæрд.
Йæ ныхасмæ гæсгæ, Бакрадзе батæригъæды куырдиатæй комисмæ дыууæ хатт басидтис æмæ дыгкаг куырдиаты фæстæ райста комис æссæрибары нæ фæлæ аххосагы фердæгы æскъуыддзаг.
Лæгмард Тбилисы, Барновы уынгыл, 13-æм апрелы æрцыд. Раздæрон мады лæг æрыгон сылгоймагы чысыл сабиты цæсты раз амардта. Аххосджын Вепхвия Бакрадзе 14-æм апрелы æрцахстой.
Мидхъуыдтæгты министрады информацийæ , Бакрадзе раздæр бинонты æхсæн тыхмийы аххосагæй у ахст æмæ уый президент батæригъæд кодта æмæ цалдæр мæйы размæ æссæрибар ис.