Гиоргий Къвирикашвили визалиберализацийы фæдыл расидæнтыл уæлвæтк фембæлд сарæзта
Гиоргий Къвирикашвили визалиберализацийы фæдыл расидæнтыл уæлвæтк фембæлд сарæзта
Гуырдзыстоны хицауад визалиберализацийы фæдыл расидæнты æрбинынгы нысанæй, къахдзæфтæ сарзын план кæны – ацы темайыл Гуырдызстоны премьер-министр Гиоргий Къвирикашвили уæлвæткон фембæлд сарæзта, кæцыйы вице-премьертæ, æттаг хъуыдтæгты министр æмæ мидхъуыдтæгты министр истой хайад.
Фембæлдыл фæуынаффæ кодтой уыцы къахдзæфтыл, кæцыты авæрд тагъд рæстæджы у плангонд, цæмæй Евроцæдисы бæстæтæм политикон статусы курджыты нымæц ма сырæза æмæ уый визалиберализацийы тобæкæныны аххосаг ма суа.