Гиоргий Къвирикашвили – тынг нысаниуæгджын у, цæмæй бæстæйы ногдзинæдты бындурæвæрды пионер растдæр патрулон полици уа
Гиоргий Къвирикашвили – тынг нысаниуæгджын у, цæмæй бæстæйы ногдзинæдты бындурæвæрды пионер растдæр патрулон полици уа
Гуырдзыстон бæрзонд экологион стандартты бындурæвæрд нæ хицауады нысаниуæгджын приоритет у æмæ стратегийы хай – уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер минситр Японийы хицауады лæвæрд автомобилты церемонийыл раисдтис.
Премьеры ныхасмæ гæсгæ, ацы къуымæй вæрд сты къахдзæфтæ, се æхсæн автомобилты техникон инспектирдзинады райдайæн æмæ специалон режим электро æмæ гибридон автомобилтыл.
«Конкретонæй электро автомобилты импорт æнæхъæнæй æссæрибар ис ивар бафыстæй, гибридон автомобилтæ та 60% æй фæкъаддæр ис бафидинагы бæрц» -раисдтис премьер-министр.
Гиоргий Къвирикашвилийы ныхасмæ гæсгæ, ацы автомобилтæ æнæхъæнæй министрты кабинетæн уыдысты лæвæрд. Фæлæ мах фарста куы сывæрдтам, цæмæй æскъуыддзаг райстаиккам æмæ лæвар 96 автомобиль адæттаикам патрулон полицийæн, министрты кабинеты фарсылхæцындзинад æмæ разыдзинад уыд.
«Вице-премьер, Гиоргий Гахария банысан кодта, цæмæй полицийы тынг бирæ ногдзинад ис плангонд æмæ бирæ интересон плантæ. Мæн фæнды министрæн æнтыстдзинад раарфæ кæнон æмæ ацы æнтыстдзинады уырны мæ, нæ бæстæйы размæцыды стыр хай растдæр полицийы æнтыстдзинадыл у баст.
Афтæ дæр мæ фæнды алы полицийагæн стыр бузныг расидон, кæцытæ сæрмагонд царды хардзыл нæ бæстæйы уагæвæрд æмæ æдасдзинад æххæст кæнынц» -расидтис Гуырдзыстоны премьер-министр.