Гиоргий Къвирикашвили – мах ма хъуамæ нымайæм конфликт абхазаг-гуырдзийаг æмæ ирон-гуырдзийаг тыгъдады
Гиоргий Къвирикашвили – мах ма хъуамæ нымайæм конфликт абхазаг-гуырдзийаг æмæ ирон-гуырдзийаг тыгъдады

Гиоргий Къвирикашвили – мах ма хъуамæ нымайæм конфликт абхазаг-гуырдзийаг æмæ ирон-гуырдзийаг тыгъдады

Окупиргонд територитыл ситуаци  у тынг уæззау этниконæй гуырдзийæгты барты хæлды къуымæй дæр, фæлæ сæхæдæг Абхази æмæ  абхазæгтæн, æмæ ирæттæн –уый фæдыл гуырдзыстоны премьер-министр Гиоргий Къвирикашвили парламенты æнæрадон рабадтыл расидтис.

«Хъыггагæн, махæн ис æнæаскъуыддзаггонд стыр цæф, кæцы нæ бæстæйæн ис –уыцы тупик, кæцыйы мах цæуæм. Мах хъуамæ рахизæм уырдыгæй æмæ райдайæм нысаниуæгджын къахдзæфты арæзт.

Бауырнæт уæ нæ алы фембæлд нæ партнертимæ, нæ арæзт къахдзæфæй райдайы æмæ фæуд кæны  уыцы проблемайæ. Мах тыенг актуалонæй кусæм, арæх кулисты фæстæ дæр, цæмæй саразæм нысаниуæгджын къахдзæфтæ æмæ райсæм фæстиуæг æмæ уæвæг форматтæ сактивгонд кæнæм.

Афтæ дæр æрбахæссæм уыцы институттæ, кæцытæ махæн фадат ратцысты окупиргонд територитыл цæрæг æмбæстæгты интерестæ бахъахъæнæм. Диалогæй мах хъуамæ бахъавæм райсæм консенсус, цæмæй саразæм къахдзæфтæ æмæ аскъуыддзаг кæнæм цы хуызы бæстæйы хъуамæ цæрæм, цы типы модель хъуамæ ссарæм иудзинад кæй зæгъын йæ хъæуы, територион æнæхъæндзинад, цæмæй раттæм фадат нæ абхазаг æмæ ирон æфсымæртæн, сæ интересты срайгондæн» -банысан кодта Гиоргий Къвирикашвили.