Гиоргий Къвирикашвили – мах алы æппæт сараздзыстæм, цæмæй нæ бæстæ сиу уа æмæ цæрæм сабырады
Гиоргий Къвирикашвили – мах алы æппæт сараздзыстæм, цæмæй нæ бæстæ сиу уа æмæ цæрæм сабырады

Абон премьер-министр æмæ политикты ныхасæй рацыды бон нæу, абон у уæ бæрæгбон – афтæ басидтис Гуырдзыстоны премьер-министр Гиоргий Къвирикашвили, Гуры, лыгъдонтæм, кæцытæн абон хæдзæрттæ байуæрстой.

«Арфæ уын кæнын цыппурс æмæ ног азы æрбалæуд. Арфæ уын кæнын ацы стыр амонджындзинад. Æз дæр куыд сымахимæ иумæ, ацы сабитимæ иумæ , кæцыты хъæлдзæг цæсгæмттæм кæсын, æз дæр амонджын дæн. Иу цыдæр мæ фæнды æмæ уын зæгъон, ацы хæдзар уыдзæн уæ фатер, фæлæ уæ сæйраг хæдзар уыдзæн уым, кæцæй сымах рацыдыстут. Хуыцауы фæрцы махæн нæ бон суыдзæн нæ бæстæ сиу кæнæм. Арф æуын кæнын» – расидтис Гиоргий къвирикашвили.

Гуры ногæй амад 8 корпусы абон 445 лыгъдон бинонтæн хæдзæрттæ сæрмæмулкъмæ адæттой.

Гуырдзыстоны премьер –министр , лыгъдон педагог Медея Макрахидзейы бинонтæн 4 уатон фатеры дæгъæлтæ адæтта.