Гиоргий Каландаришвили – Æвзарæнон администрацийы кусджыты персоналон бæрæггæнæнты бакуысты бафæлвæрдтæ, кæцытæ æнхъæлмæкæсинагæй закъоны ныхмæ сты, дарддæр кæнынц, нæ бауадздзыстæм кусджытыл æндæвдад
Гиоргий Каландаришвили – Æвзарæнон администрацийы кусджыты персоналон бæрæггæнæнты бакуысты бафæлвæрдтæ, кæцытæ æнхъæлмæкæсинагæй закъоны ныхмæ сты, дарддæр кæнынц, нæ бауадздзыстæм кусджытыл æндæвдад

ЦÆК-ы сæрдар, Гиорги Каландаришвилийы ныхасмæ гæсгæ, интенсивон характер исы æвзарæнон администрацийы кусджытæм æнхъæлмæкæсинаг æлхъывдад æмæ сæ персоналон бæрæггæнæнтæй закъоны ныхмæ спайда кæнын.
Каландаришвили ЦÆК-ы арæзт брифингыл куыд расидтис афтæмæй, æвзарæнон бæрнонтæ сæ архайд закъонмæ гæсгæ, хорз зæрдæйæ æххæст кæнынц, æмæ баст фарсытæ сæ архайдæн хъуамæ аргъ кæной сæ архайдтытæм гæсгæ æмæ нæ фæлæ сæ хиуæттæм гæсгæ.
Гиоргий Къаландаришвили куыд банысан кодта афтæмæй, æвзарæнон администраци нæ бауадздзæн æндæвдад кусджытæн, æмæ закъонæй нысангонд мадзæлттæ алы фактмæ гæсгæ ист цæудзысты.
«Фæнды нæ банысан кæнæм, цæмæй мах æппынæдзух разамынд кæнæм æмкуыстдзинады сеппæтæй хуыздæр стандартæй æмæ кæддæриддæр цæттæ стæм цыфæнды медиафæрæз дæр ифтонг кæнæм компетентон æмæ сбæлвырдгонд информацийæ, кæцы баст у æвзарæнон фарстатимæ. Фæлæ фидæны кæцыфæнды дзыллон информацийы фæрæзы ‘рдыгæй закъон æмæ этикон нормæты домæнтæ куы фехæлой, уæд администрацийы минæвæрттимæ ныхас кæнгæйæ тыхбын уыдзæн ногæй æркæсын æмгуыстады фарстамæ, кæцы уыдзæн иунæг уæлæмхасæн æвзарæгæн æвзарæнон администрацийы архайды фæдыл æмæ кусæг кусджыты фæдыл объективон информацийы раттыны тыххæй», – банысан кодта Гиорги Каландаришвили.