Гиоргий Гвимрадзе – депутат Давид Чъичъинадзейы расидæн гæнæн ис æмæ тæссаг сигнал уа æхсæнадон уацхæссæгы редакцион хæдбардзинады къуымæй
Гиоргий Гвимрадзе – депутат Давид Чъичъинадзейы расидæн гæнæн ис æмæ тæссаг сигнал уа æхсæнадон уацхæссæгы редакцион хæдбардзинады къуымæй
Æхсæнадон Уацхæссæгы ног æмæ цæугæ хабæртты блокы директор Гиоргий Гвимрадзе тæссагæй хоны æхсæнадон уацхæссæгы хæдбардзинады фæдыл депутат Чъичъинадзейы расидæн.
«Хъуыды кæнын тæссаг у, кæд æмæ парламенты уæнг расидæн аразы уацхæссæгы хæдбардзинады фæдыл. Нæу уæлдай цы бындурыл аразы сæрмагонд расидæн. Кæд æмæ ныхас цæуы æхсæнадон уацхæсæгы хæдбардзинадыл уый тынг тæссаг у уыцы цæстæнгасæй æмæ гæнн ис мæ сериозон сигнал уа хæдбардзинады къуымæй» – расидтис Гвимрадзе.
Уацхæссæгы финансирдзинады фарстайы ногæй бакссты фæдыл, депутат давид Чъичъинадзе комитетты иугонд рабадтыл фæныхас кодта, кæцыйыл 2019-æм азы бюджеты проект цæуы каст.
Чъичъинадзейы ныхасмæ гæсгæ, фидæн азы бюджеты æхсæнадон уацхæссæгы бюджет 58 милуан лари у æмæ уый тынг стыр æхца у».
« 45 милуан ларийы бæрц хæс райсын хъавынц ноджы фидæн фондз азы. Сымахмæ фарста нæ зыны цы хъавы ацы лæг. Райса æхца æмæ ноджы фондз азы фæстæ чи фæндыд дæр бафидæд уыцы хæс. Мах хъуамæ 60 милуан лари Васико Магълаперидзейæн балæвар кæнæм, фæрсын уæ . Æз хъуыды кæнын 58 милуан лари нæ фæлæ 58 мæй æфхæрд хъуамæ снысан уа» – банысан кодта Давид Чъичъинадзе.