Гиоргий Гахария ОБСЕ-йы специалон бæрнонæн окупиргонд регионты, æдасдзинады къумæй фæфыддæр уавæры æмæ гуманитарон къуымæй ситуацийыл фæныхас кодта
Гиоргий Гахария ОБСЕ-йы специалон бæрнонæн окупиргонд регионты, æдасдзинады къумæй фæфыддæр уавæры æмæ гуманитарон къуымæй ситуацийыл фæныхас кодта
Гуырдзыстоны окупиргонд територитыл фæстаг рæстæджы уæвæг цаутæ фæфыддæр кодтой регионы æдасдзинады тыгъдад æмæ нысаниуæгджын у æппæтдуноен æрдхорады æрдыгæй ацы фарстайы бæрзонд рангыл сывæрын куыд æппæтдунеон, афт æдæр Уæрæсеимæ дыууæфарсон форматты – уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр Гиоргий Гахария, Хуссар Кавказы ОБСЕ-йы специалон бæрнон, Женевайы æппæтдуноен бадзырдты æмсæрдар Рудольф Михалкаимæ фембæлдыл бакаст.
Премьер-министры пресс-центры информацимæ гæсгæ, ныхас баххæсыд Гуырдзыстоны окупиргонд рнгионты адæймагы барты хæлд æмæ этникон нысанæй гуырдзийæгты дискриминацийы факттæм, æнæзаконон бордеризаци æмæ Хашуры мниципалитеты хъæу Чорчанайы вæрд деструкцион къахдзæфтæм.