Гиоргий Гахария- хъуамæ æмбарæм, цæмæй тынг уæззау æхсæз мæй æнхъæлмæ кæсы махмæ
Гиоргий Гахария- хъуамæ æмбарæм, цæмæй тынг уæззау æхсæз мæй æнхъæлмæ кæсы махмæ
Гуырдзыстоны премьер-министр Гиоргий Гахария парламенты уæнгтæм кæронбæттæн ныхасæй басидтис æмæ абоны дискуси нысаниуæгджын схуыдта.
Уый бузныг расидтис Гуырдызстоны æмбæстæгтæн.
«Мах ахызтыстыæм фыццаг этап. Мах иттæг хорз æмбарæм, цæмæй глобалон пандемия йæ ахадындзинадæй экономикайыл, бацыд алы æмбæстагы бинонты хæдзармæ, бирæ адæмæн фæзын ис. Хорз æмбарæм æмæ уынæм нæ æххуыс æмбæстæгтæн хъуамæ фылдæр уа, тагъддæр, эффектон дæр. Мах алы æппæт сараздзыстæм, цæмæй баххуыс кæнæм уыцы адæмæн кæцытæн алкæмæй тынгдæр хъæуы æххуыс», – расидтис премьер.
Гахариайы ныхасмæ гæсгæ, разæй уæззау æхсæз мæй æнхъæлмæ кæсы.
«Ацы уæззау 6 мæйы дæргъы махæн ис æмбæстагы æмбарындзинад æмæ рæстадондзинад. Мах ныфс дарæм, цæмæй мах фæуæлахиз уыдзыстæм проблемæтыл.
Мах хъуамæ хорз æмбарæм вирус нырма нæ ацыд. Иумæ хъуамæ сног кæнæм нæ бæстæйы экономикæ æмæ æрыздахæм нормалон цард нæ бæстæйы алы æмбæстагæн Уæззау æхсæз мæй æнхъæлмæ кæсы махмæ разæй, куыд æнæниздзинады къуымæй æмæ эпидемиологион сферайы, афтæ дæр экономикон проблемæтæ, пандемийы ныхмæ тохы растæджы. Афтæ дæр мах хъуамæ ауадзæн рæстадон æвзæрстытæ», – расидтис Гуырдызстоны премьер-минстр.