Гиоргий Гахария йæ постæй ацыд
Гуырдызстоны премьер-министр Гиоргий Гахария йæ пост ныууагъта.
Уый фæдыл хицауады администрацийы брифингыл расидтис.
«Райстон æскъуыддзаг, мæ постæй цæуын. Уырны мæ, ацы къахдзæф баххуыс кæндзæн нæ бæстæйы политикон тыгъдады поларизацийы фæкъаддæрæн. Быцæудзинад алкæмæй стыр рискъ у нæ бæстæйы фидæн æмæ экономикон размæцыдæн», – расидтис Гахария.
Уæлдайдæр та абон, уæд, кæд æмæ нæ бæстæйы политикон быцæудзинад æмæ поларизаци, размæцыд æмæ бæстæйы æдасдзинадæн, тæссагдзинад хæссы. Уæд, кæд æмæ мах, нæ æбстæгтимæ иумæ тох кæнæм глобалон пандемиимæ, экономикон кризисимæ, регионалон расидæнтимæ æмæ сæйраджы дæр, тох кæнæм поларизациимæ, цæмæй хуыздæр фидæн раттæм нæ байзæдтагæн.
Хъыгагæн, æз мæ къордимæ иумæ нæ баххæсыдтæн иумæйаг хъуыдымæ снысангонд фарстайы фæдыл, райстон æскъуыддзаг мæ пост ныууагътаин.