Гиоргий Гахария дунейы банкъы вице-президентимæ партнердзинады стратеги бакаст
Гиоргий Гахария дунейы банкъы вице-президентимæ партнердзинады стратеги бакаст
Гуырдзыстон æмæ дунейы банкъы партнердзинады стратеги æмæ конкретон приоритеттæ, се æхсæн дунейы банкъы æрдыгæй Гуырдызстоны вакцинацийы националон планы фарсылхæцындзинады бакастысты Гуырдзыстоны премьер-министр Гиоргий гахария æмæ дунейы банкъы вице-президент Европæ æмæ Централон Азийы регионы Ана Биерде, кæцы видео-конференцийы форматы сырæзт.
Премьер-министры пресс-центры информацимæ гæсгæ, ныхасы рæстæджы бахахх кодтой Гуырдзыстоны хицауад æмæ дунейы банкъы æхсæн уæвæг эффектон æмæ æнтыстджын æмкуыстдзинад.
Премьер банысан кодта, цæмæй нысаниуæгджын у уыцы финансон институты фарсылхæцындзинадæн, кæцы у дунейы банкъ.
Гиоргий Гахария банысан кодта, цæмæй æрмæст «Ковакс» платформæ нæ фæлæ ма Гуырдызстон активонæй кусы æндæр хицауадтимæ вакцинайы рæстæгон æрбахаст.
Дунейы банкъы æрдыгæй сбæлвырд ис цæттæдзинад йæ фарсыл рахæца Гуырдзыстоны уыцы структурон æмæ экономикон реформæты ауагъдæн, кæцытæ стыр бынат ахсынц Евроцæдисы уæнгдзинады процессы. Гуырдызстоны хицауады планмæ гæсгæ -2024 азмæ Евроцæдисмæ официалон фидиуæны сарæзты фæдыл.
Гиоргий гахария банысан кодта, цæмæй хицауад стыр аргъ дæтты дунеон банкъы реагирдзинад Гуырдызстоны æнæиæнгдзинæдты фæдыл, се æхсæн Ковид-19 пандемийыл.
Дунейы банкъ Гуырдызстоны иуæй иу алкæмæй диверсифициргонд портфел ис, кæцы 2.7 миллиард доллар у.