Гиоргий Гахария донорты конференцийы райста хайад
Гиоргий Гахария донорты конференцийы райста хайад

Гиоргий Гахария донорты конференцийы райста хайад

Алчи дæр хорз æмбары, цæмæй Гуырдзыстон у æнтыстджын демокарти, махæн ис уæззау советтон цæдисы байзæттаг æмæ уый дæр хорз æмбарæм æмæ зонæм, цæмæй гæнæн ис æмæ нæ бахъæуа бирæ аз реформæтæн, цæмæй мах æрбаввахс уæм уыцы европон стандарттæм, кæцыйы амбицитæ дæр ис махæн – уый фæдыл Гуырдызстоны премьер-министр Гиоргий Гахария донорты конференцийыл ныхасæй рацыды рæстæджы расидтис.

Премьер хъусдард сцырын кодта Гуырдызстоны хицауады сæйраг приоритеттыл, кæцыты æхсæн ис æдасдзинад, экономикон размæцыд, инфраструкутрæ æмæ базарад, адæймагон капиталы размæцыд æмæ гом хицаудзинад.

Премьер-министр банысан кодта, цæмæй форматы фæлгæтты æндæр æмæ æндæр хуызы æппæтдунеон организациты кæнæ финансон институтты æрдыгæй Гуырдызстоны реформæты фæлгæтты 2018 æм азы нымадæй 7 миллиард долларæй фылдæр бахардз.

Стратегион диалог донор бæстæты æмæ организациты къухдариуджытимæ, сæ информирдзинады рæзт паддзахадон приоритетты, реформæты æмæ  ног инициативаты фæдыл уыд донорты алыазон форумы нысан, кæцы Гуырдызстоны премьер-министр Гиоргий Гахариайы къухдариуæгдзинадæй  абон хицауадон церемониты галуаны байгом ис.