Гиоргий Гахариа - махæрдыгæй алцыппæт бæрæг у, позици фиксиргонд у, Хазарадзе рæстæг ракуырдта
Гиоргий Гахариа - махæрдыгæй алцыппæт бæрæг у, позици фиксиргонд у, Хазарадзе рæстæг ракуырдта

Махæй алцыппæт бæрæг у, позици фиксиргонд у, Хазарадзе рæстæг æркуырдта, ис позицитæ, кæцытыл хъуамæ баныхас кæна, – уый фæдыл  Гиоргий Гахариа журналисттæн  расидтис. президенты администраци.
«Бузныг  президентæн, уымæн æмæ æз абон ам дæн фыццаджы дæр йæ фæндоны тыххæй. Уый уыд йæ хъæппæрис, кæцыйыл не сразы уæвыны бар нын нæ уыд æмæ кæцыйыл сразы стæм.  Дыккаг, кæй зæгъын æй хъæуы, бузныг Хазарадзейæн, цæмæй ацы ныхас сырæзт. Бирæ лыстæгдзинæдтыл дзурын мæ ныр нæ фæнды. Мæ бон у зæгъын, цæмæй алцыппæт бæрæг у нæ фарсæй, позици фиксиргонд у, ам сусæг ницы ис. Хазарадзе æркуырдта  рæстæг, уымæн æмæ афтæ зыны, цыма ис позицитæ, кæцытыл хъуамæ баныхас кæна. Мæ позици фиксиргонд у, уый абсолютонæй бæрæг æмæ бæлвырд у, кæцы нымайы, фыццаджы дæр,  президенты тыхархайд бæстæйы ахæм æвзæрстытæ ауадзынæн, кæцы Гуырдзыстоны æрыздахдзæн  демокративон, европон размæцыды фæндагыл.