Гиорги Вашадзе - Уыдзæн нын архайадон план, кæцы кæронмæ бакæндзæн ацы хъуыддаг

Уыдзæн нын архайадон  план,   кæцы   кæронмæ бакæндзæн   ацы  хъуыддаг –  уый  фæдыл  «Ног Гуырдзыстоны (Ахали Сакартвело)»  лидер  Гиорги  Вашадзе райхъусын кодта парламенты раз  плангонд  акцийы  тыххæй.«Нæ   иудзинадæн йæ разы  ницы  слæудзæн,   нæ цæст дарттам ацы  процессмæ,  абсолютонæй  æргомзæрдæйæ лæууыдыстæм  æмæ  лæууæм   сæ хъæбул  кæмæн   амардтой  уыцы   фыдты  фарсмæ».  Æз æмæхæдæг æм   нæ иунæг дæр нæ,  нæ ратдыстæм ацы  хицауадæн   уый  бар  цæмæй ацы адæймæгты  æфхæра æмæ   абон  амæй  дарддæр  райдайы тох æппæт  Гуырдызстоны масштабæй,  баиу  уыдзыстæм  алчи  уый тыххæй,  цæмæй   ацы  хицауад  йæ  кæронм  æрцæуа  æмæ   уыцы фыдгæнæг режим  хъуамæ фæуа.

Гуырдзыстонæн ис   тынгады   дыссаджы  перспективæ  æмæ  ацы  перспективæ  ауылты  ам Руставелийыл цæуы.  Растдæр  абонæй  хъуамæ ахицæн кæнæм цы нæ хъæуы  уый,  сæ фæдыл азилæм ацы  катастрофæйы  æрдæм кæцыйы   нын æнхъары   ацы  хицауад æмæ райдайæм   райтынгы  бынтон ног  фæндагыл цыд.

Фæнды мæ бузныг зæгъын ацы  дыууæ адæймагæн, кæцытæ  сæ рысты  тыххæй  фехъусын кодтой  æппæт Гуырдзыстонæн, райхъал кодтой  æппæт адæмы.  Наци  лæууы  иумæ  æмæ  нæ  иудзинадæн  йæ ныхмæ  ничиуал слæуудзæн,  уыдзæн нын архайадон план, кæцы  кæронмæ бакæндзæн ац  хъуыддаг» – райхъусын кодта Гиорги Вашадзе.

Руставелийы проспектыл   парламенты  раз  цæугæ  акци  #Армомкла/МамæАмар архайадон   плæнттæм гæсгæ консультациты  рæстæджы,  сырæзт быцæудзинад.  Уый фæстæ  Звиад Куправа   парламенты цур акцийæ,  Руставелийыл уæвæг    националон-демокративон  партийы  офисмæ  ахызт  æмæ  оппозицион политикон  партитæм бацæуынмæ æрсидтис.  Националон-Демокративон партийы   офисмæ бацыдысты,  «Иууон Националон Змæлды», «Националон-Демокративон партийы», «Паддзахад Адæмæн», «Ног Гуырдзыстоы»   лидертæ,  кæцы ранæй   фæстæмæ парламенты цурмæ ацыдысты.   Уыдон хицауады  ныхмæ   акцийы  тыххæй  райхъусын кодтой.   3  июны,  18:00 сахатыл   парламенты  цур информацион  митинг  сырæздзæн,   кæцыйылуыдон архайадон   планы  тыххæй  фæныхас  кæндзысты.