Гиорги Вашадзе  - «Стратегиа Агъмашенебели» кæрон хъуамæ  скæна быцæудзинад бæстæйы æмæ  æнæхъæн Гуырдзыстон баиу кæна паддзахады арæзты идейæйы  алыварс
Гиорги Вашадзе - «Стратегиа Агъмашенебели» кæрон хъуамæ скæна быцæудзинад бæстæйы æмæ æнæхъæн Гуырдзыстон баиу кæна паддзахады арæзты идейæйы алыварс

Гиорги Вашадзе  æмæ «Стратегиа Агъмашенебели»  иунæг бал у, кæцымæ ис  бæстæ стæнг кæныны стратеги – ахæм дзуапп дæтты  «Стратегиа Агъмашенебелийы»  лидер Гиорги Вашадзе   журналистты  фарстæн, цæмæй  цæмæн хъуамæ суа Гуырдзыстоны  фидæн премьер-министрæй

Вашадзейы дзырдæй,  зæгъгæ «Стратегиа Агъмашенебелийæн» йæ нысан у, бæстæйы  мæгуырдзинадыл фæтых уын  æмæ паддзахады ногæй  арæзт.

«Ацы бал  хъуамæ кæрон скæна  бæстæйы быцæудзинæдтæ  æмæ  арæзты  идейæйы  алыварс  баиу кæна æнæхъæн Гуырдзыстон.  Хъуыддаг аразынæн  алкæй  бынат дæр уыдзæн.  Иунæг тых стæм, кæцы нæ  быцæудзинадмæ нæ хъавы  æмæ  махмæ алы лæбурдæн  дзуапп дæттæм  хъуыддагæй.  Критикæ кæнæм,   амонæм сын  цы саразын хæъуы.  Стæм профессионалты бал, кæцы  цæттæ у  24/7 –ы  кусынмæ, цæмæй  иу хатт æмæ æнусмæ схафæм бæстæйы  мæгуырдзинады  проблемæ.  Рывналæм арæзтмæ  æмæ басæттæм мæгуырдзинад – уый у  нæ балы мидис», – загъта Вашадзе.