Абон хъуамæ уа Гуырдзыстоны райтынгмæ раздæхыны райдайæн æмæ оппозици хъуамæ фæуæлахиз уа ацы æвзæрстыты – уый фæдыл «Стратегиа Агъмашенебели»-ы лидер Гиорги Вашадзе, æвзарæнон фадыгы цур райхуъсын кодта, цы ран сæрмагонд æвзарст сфиксир кодта.
«Тынг стыр бузныг фыццаджы дæр æмбæстæгтæн. Бирæ адæм æрбацыд æвзарæнон фадгуытæм. Мæ бинойнагимæ, æмæ сывæллæттимæ иумæ æрбацыдтæн. Схъæлæс кодтон Гуырдзыстоны фидæнæн, рæзынадæн. Цæй зæгхын æй хъæуы схъæлæс кодтон уымæн цæмæй нæ бирæ ивындзинад хъæуы. Схъæлæс кодтон цæмæй алчи иумæ фæуæлахиз уæм. Абон хъуамæ уа Гуырдзыстоны рæзынадмæ раздæхыны райдайæн æмæ оппозици хъуамæ фæуæлахиз уа ацы æвзæрстыты» – фехъусын колдта Гиорги Вашадзе.
«Стратегиа Агъмашенебели»-ы лидер ма, æмбæстæгтæм æрсидтис , æвзæрстыты активон хайад райсынмæ.