Гиорги Вашадзе сиды парламенты уæнгтæм, сæхи бауромой закъондæттæг органмæ бацæуынæй
Гиорги Вашадзейы дзырдæй, зæгъгæ протест дарддæр кæны, пикетиргонд сты бæстыхаймæ бацæуæнтæ.
«Сидын Гуырдзыстоны парламенты уæнгтæ, сæхи бауромой парламентмæ бацæуынæй, цæмæй уæлдай эксцесстæй сæхи аиуварс кæной. Цыдæриддæр та æфснайджытæм æххæссы, пъæлицæйæгтæм, аппараты кусджытæм, уыдонæн ницы проблемæ уыдзæн змæлдæн, бацæудзысты. Æрмæст парламенты уæнгтæ уыййас мæсты кæнынц æхсæнады, цæмæй хуыздæр у сæхи бауромой», – банысан кодта Гиорги Вашадзе.
Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ акцийы хайадисджытæ, сабырæй архайынц æмæ йæм ныфс ис, цæмæй пъæлицæй тыхæй не спайда кæндзæн.
«Мæ хъуыдымæ гæсгæ, алы институцийы фидиуæн, уыдис адæмон хъахъхъæнæг æви æхсæнадæмон дипломативон дзыллæ, æмæ сæйраг цы у, æхсæнады архæйдтытæ знон, ницы бындур ныууагъдтой Иванишвилийæн æмæ «Гуырдзиаг Бæллиццæн», цæмæй агрессивон архæйдтытæ сыххæст кодтаит демонстрантты æрдæм. Мах сабырæй архайæм, иу эксцесс дæ нæуыд æнæхъæн æхсæвы дæргъы. Ныфс мæ ис, рационалон хъуыды ис хицауадмæ æмæ пъæлицæйæн нæ ратдзысты бардзырд æмæ сæ адæммæ нæ фæбыцæу кæндзысты. Пъæлицæйы бирæ цæсгомджын адæймаг кусы æмæ уыдонмæ дæр сидын, æнæзакъонон бардзырдтæ сыххæст кæнын уæ хæс нæу»,- банысан кодта Гиорги Вашадзе.