Гиорги Вашадзе - Ничи хъавы Майк Помпеойæн йæ размæ акцигæнгæйæ рацæуын
Ныфс мæ ис, Майк Помпеоимæ оппозицийæн уыдзæн коммуникацийы фадат, кæцы рæстæджы фæныхас кæндзыстæм уыцы иттæг уæззау проблемæтыл, Гуырдзыстоны æвзæрстыты фальсификацийы фæстæ цы сывзæрд уыдон, – загъта «Стратегиа Агъмашенебелийы» лидер Гиорги Вашадзе.
Уый куыд банысан кодта, афтæмæй, Майк Помпеойы Гуырдзыстонмæ визит у иттæг нысаниуæгджынг, уымæн æмæ бæстæйы уæззау политикон кризис ис.
Гиорги Вашадзе афтæма комментари сарызта Михеил Саакашвилийы фидиуæныл, кæцыйы уый банысан кодта, цæмæй Майк Помпейæн йæ размæ хуъамæ акцитимæ рацæуиккой.
«Кæй зæгъын æй хъæуы, Майк Помпеойæн акцитæй йæ размæ рацæуын ничи хъавы, цыдæр символон мадзал гæнæн ис уа нæ позици сфиксир кæнынæн, кæцы абсолютонæй бады алы фæлгæттæм. Нæ америкаг партнерты цыфæнды хуызы æххуыс нын иттæг нысаниуæгджын у», – хъусын кæны Гиорги Вашадзе.