Гиорги Вашадзе – Фидæн къуырийæ акцитæ регионты дæр ацæудзысты
Гиорги Вашадзе – Фидæн къуырийæ акцитæ регионты дæр ацæудзысты

«Ног Гуырдзыстоны»  лидеры, Гиорги Вашадзейы  информацийæ,   фидæгн  къуырийæ   акцитæ   регионты  дæр  ацæудзысты.   Вашадзе  «Лейбористон Партийы»  офисы  фембæлды  фæуды фæстæ   куыд раЙхъусын кодта афтæмæй,    акцитæ райдайдзæн Кутаисæй.  Афæтма,   адарддæр уыдзæн парламенты раз пикеттæ.

Вашадзейы  фидиуæнæй,   æнхъæлмæ кæсынц,   ЕÆÆО-ы  хатдзæгмæ оппозицийы   бакуыст   закъонопроектыл, кæцы   æвзарæнон системæмæ  æххæссы.  Уый фæстæ та,   «Ног Гуырдызстоны»  лидеры  информацийæ,    стыр акцийы   датæ  сбæлвырд кæндзысты.

«Фидæн къуырийы  райдайдзæн регионты   акцитæ.   Майрæмбон райдайдзысты  Кутаисæй. Æнхъæлцау, 14;00 сахатыл  уыдзæн  стыр акци-цыд   Кутаисæй.  Афтæдæр æнхъæлмæ кæсæм   тæрхонгæнджытæм гæсгæ комитетмæ æмæ  æнæмæнгæй  уыдзæн   пикеттæ.   Гæнæн   ис  дыццæджы,  æртыццæджы  кæнæ цыппæрæмы.

Сом  документ æрвыст æрцæудзæн ОБСЕ-мæ æмæ уымæ гæсгæйæ,   сæ дзуапп цы  уыдзæн,  ууыл у баст  стыр акцийы  датæ.  Махæн иттæг   нысаниуæгджын  у  зонæм,  мыхуыр æвæрд  хъуамæ  уа  ууыл, цæмæй  закъон у  конституцимæ  æмбæлон. Хъуамæ райдайа  уæрæхмасштабьон ныхмæлæуды  змæлд,  кæцыйы  конкретон   пълантæ нæм нырид ис» –  банысан кодта Вашадзе.