Гиорги Тхъемаладзе – аххосджынтæ куы фæбæрæг уыдзысты, æнæмæнгæй  æмбæлгæйæ  æфхæрд æрцæудзысты
Гиорги Тхъемаладзе – аххосджынтæ куы фæбæрæг уыдзысты, æнæмæнгæй æмбæлгæйæ æфхæрд æрцæудзысты

Тбилисы  сакребулойы  сæрдар  Гиорги Тъхъемаладзе  сакребулойы  уæнгтимæ  иумæ  метростанцæ  «Варкетилы»   цары æркалды  фæстиуæгæн зианбаййафджыты бабæрæг кодта.

Сакребулойы  сæрдары ныхæстæм  гæсгæ,   зианбаййафджытæн æмбæлгæйæ  хос кæнынц  æмæ сæ цардмæ тас не ртхъирæн кæны.

Афтæдæр абон сакребулойы  сæрдар æмæ депутаттæ,   цауы  бынатыл  уыдысты æмæ сырæзт уавæримæ æрзонгæ сты.

Гиорги Тхъемаладзе   куыд райхъусын кодта, афтæмæй, мидхъуыддæгты министрад ныридæгæн хъуыддаг рæгъмæ рахаста  æмæ аххосджынтæ куы фæбæрæг уыдзысты, уæд æмбæлон æфхæрд æрцæудзысты.

Метростанцæ  «Варкетилы» перроны   ауыгъд цары  конструкци  æркалд æмæ 14  адæймагы æрхаста.  Варкетилы метройы  цары хай абон  сæумæрайсомы æркалдис.

Метростанцæ «Варкетилы» реабилитаци  цыппар мæйы размæ  2017 азы  сентябры  фæцис.  Арæзтадон куыстытæ  сæххæст кодта тендеры уæлахизгонд  æнæххæстбар æхсæнад  «Хъварелмшени».