Гиорги Микаутадзе  Евро 2024-ы æмбомбардир æмæ «Сыгъзæрин буцæйы» хицау -  истори ноджы иу хатт æрцыд фыст#1TVSPORT
Гиорги Микаутадзе Евро 2024-ы æмбомбардир æмæ «Сыгъзæрин буцæйы» хицау - истори ноджы иу хатт æрцыд фыст#1TVSPORT

Гиорги Микаутадзе 2024  азы  Европæйы  Чемпионаты  æмбомбардир  æмæ «Сыгъзæрин буцæйы» хицау ссис.

Турниры   историйы  уый  фыццаг цау у,  хуыздæр голты  баппарæг  гуырдзиаг футболист куы ссис. Гиорги Микаутадзе   3  голы  баппæрста, афтæ  куыд  фондз  æндæр хъазæг.  Гуырдзиаг размæбырсæг   æртæдæр  къордон матчы  фæцарæхстис – Турчы, Чехийы æмæ Португалиайы ныхмæ  хъæзтыты.

Гиоргийы «Сыгъзæрин Буцæйы» тыххæй тохы æндæртæ аййæфтой. Гуырдзиагы фæстæ фæуадзын  сæ бон уыд  финалы  хайадисджыты, Англисы капитан Харри Кейнæн æмæ  испайнæгты  æрдæгхъахъхъæнæг   Дани Ольмойæн. Фæлæ  матч  афтæ фæцис, æмæ  сæ иуæн дæр нæ бантыст гол баппарын æмæ гуырдзиаг футболы историйы  иуæй-иу  сегасдæр æхсызгон   сыфтæр æрцыд фыст – Евро2024-ы  æмбомбардир  ссис  гуырдзиаг размæбырсæг.

Евро 2024-ы «Сыгъзæрин буцæ»

Гиорги Микаутадзе, Гуырдзыстон 3 (4 матчы)

Иван  Шранц, Словаки 3 (4 матчы)

Джамал Мусиала, Германи 3 (5 матчы)

Харри Кейн, Англис 3 (6 матчы)

Дани Ольмо, Испани  3 (6 матчы)

Коди Гакпо, Нидерландтæ 3 (6 матчы)