Гиорги Маргвелашвили визитæй араст уыдзæн АИШ-æм
Гиорги Маргвелашвили визитæй араст уыдзæн АИШ-æм

Гуырдзыстоны   президент Гиорги  Маргвелашвили  Брюсселы  фæстæ,  визитæй  араст уыдзæн  АИШ-æм.

Фæнысан кæнинаг у уый, æмæ   президент  Брюсселы  уæвыны  рæстæджы  сарызта фембæлд  америкаг сенатортимæ æмæ  конгрессментимæ,  кцытимæ  æркастис  наионалон æдасдзинады  фарстытæ.

Журналисттæн  æдасдзинады  советы  сæрдар  Давит  Раквиашвии куыд  загъта афтæмæй, Америкæйæн зæгъгæ  ис сæрмагонд роль    регионы  æдасдзинады  гарантиты цæстæнгасæй.

Америкаг сенатортимæ  æмæ   конгрессментимæ фембæлдæй дарддæй,   Давит Раквиашвили    президенты АИШ-æм   визиты рæстæджы плангонд  фембæлдты фæдыл дæр фæныхас кодта.

«Президент  фæныхас кодта  уыцы  æнæмæнгхъæуындзинады, кæцы  йæ  хъуыдыйы   дары   АИШ-ы лидеры позици  Гуырдзыстоны  НАТО-мæ интеграцийы процессы,   уый  ноджы иу хатт айзæлын кодта  куырдиат сенаторты  æмæ конгрессменты  æрдæм,  цæмæй   сæрмаонд   хъусдардæй  уа АИШ-ы сенат  æмæ  конгресс дæр фокусиргонд  НАТО-йы фидæн  саммиты мидисыл,  цæмæй   бæрзонддæр æмвæзадыл  æрцæуа Гуырдзыстоны фарстыты  æркаст.

АИШ-ы  Гуырдзыстоны президентæн уыдзæн тынг  вазыгджын график,  Америкæйы Иугонд Штаттæм йæ  сæйраг нысан у   Гуырдзыстоны националон æдадсзинадыл  ныхас.

Уыдзæн нын цалдæр мадзал,  иу  уыдзæн  АИШ Конгресы,  цы ран  президент  фæныхас кæндзæн  регионы  æдасдзинадыл,   Гуырдызстоны раз уæвæг  сидтытыл, уыдзæн мадазл  АИШ-ы  сенаты, цы  ран аналогион   æрвитæггæгтæ  уыдзæн  Гуырдзыстоны  президенты æрдгæй. Уызæн рæнхъ бæрзонд рагы  фембæлды  АИШ-ы  закъондæттæг  органы,  президентæн уыдзæн    ралæудтæ  куыд   университетты,  афтæ  академион  зылдты  минæвæртты раз.

Ацы мадзæлтты   æнцой сты  атлантикон совет,  Америкæйы националон   демокративон инститет  æмæ  националон    æхсæнадæмон   республикон   институтю

Президенты сæйраг рард   ацы визиты рæстæджы  уыдзæн, фæфидар кæна  Америкæйы  хицауады æмæ Америкæйы   конгрессы  æххуыс Гуырдызстоны æдасдзинады фарстыты  æрдæм» – расидтис  Давит Раквиашвили.