Гиорги Маргвелашвили - ме рдæм ницы шантажгæнæн архæйдтæ нæ уыдис никуы
Фæнды мæ дзыллæйæн фехъусын кæнын, цæмæй ме рдæм шантажгæнæн архæйдтæ нæ уыдис, æмæ кæй зæгъын æй хъæуы, ацы æрдæм ницы бадзырд уыд æппын – ахæм дзуапп ратта Гуырдзыстоны президент Гиорги Маргвелашвили медийы ахæлиугонд информацийæ, цæвиттон æй, йæ сиахс Миндиа Гогочъурийы ахстæй шантаж кодтой.
Фарстайыл, нымайы æви нæ президент цæмæй фæстаг периоды дæргъы æгæр сусæг уыдис, Маргвелашвили райхъусын кодта, цæмæй «уый зæгъгæ у æнкъарæнмæ гæсгæ, чи куыд кæсы ацы темæмæ».
«Ацы темæмæ чи куыд кæсы уый у æнкъарæнмæ гæсгæ. Фæстаг периоды дæргъы, алы этапыл, алы фарстайыл коментарий æмæ аргълæвæрдтæ дæттон. Фæлæ мæ фæнды цæмæй дзыллæ базона, ницы архайд уыдис, ома исчи мæ ашантаж кодтаит. Нæдæр исты бадзырд уыд искæцы политикон къордимæ» – райхъусын кодта Гиорги Маргвелашвили.