Гиорги Маргвелашвили – Гуырдзыстон æмæ евроцæдис зонæдты æмæ инновациты къабазы æмгуыстад фæарфдæр кæндзысты
Гиорги Маргвелашвили – Гуырдзыстон æмæ евроцæдис зонæдты æмæ инновациты къабазы æмгуыстад фæарфдæр кæндзысты

Гуырдзыстоны президент Гиорги Маргвелашвили  Брюсселы    иртасæнты,  зонæдты  æмæ иновациты  фарстыты  Еврокамисаримæ Карлос Моедашимæ  фембæлд.

Фембæлдыл   Гиорги Маргвелашвили  бахахх кодта  Гуырдзыстоны  хицауады æмæ   камисы  æхсæн  тынг позитивон   активон  скуысткæнынад,  сæрмагондæй  та иртасæнты æмæ инновациты сферæйы  æмæ ныфс разагъдта  цæмæй  ацы  цæдистæ  ноджы фæарфдæр уыдзысты.

Гуырдзыстоны президент  еврокамисары Тбилисмæ визитæй  фæхуыдта. Фембæлдыл   афтæдæр  бахахх кодтой  динамикон  прогресс  евроцæдисы æмæ Гуырдзыстоны  ахастыты  æмæ  уыцы  фæстиуджытæ,  кæцыты  райсын  бæстæ бахъом ис  æмæ   фидæны дæр зхъавы райса  ассоциацидзинады  бадзырды баххæсты,  энергетикон  иугæндты уæнгсуæвыны  æмæ æнæвизæ дыууæрдæм змæлды  фæстæ.

Фембæлдыл афтæдæр банысан ис  секторон   æмгуыстады  фæарфдæр кæныны æнæмæнгхъæуындзинад.

Гиорги Маргвелашвилийы  фидиуæнæй,   Гуырдзыстоны  интерес у, бæстæ  спайда кæна  алы  амæлттæй,   цæмæй  евроцæдисы  стандарттæм, нормæтæм  æмæ   сеппæтæй  хуыздæр практикæмæ æмбæлон суа  ахæм сферæты, цахæм дæр сты энергетикæ, транспорт,  æмæ коммуникаци,  хъæууон хæдзарад,  æрдзхъахъхъæнынад , культурæ, зонæдтæ æмæ инновацитæ.

Бахахх кодтой  уый цæмæй зонады къабаз  æмæ инновацитæ  Гуырдзыстоны  мидæгон  боны фæткы  иуæй-иу  приоритет сты.

Гуырдзыстоны президент Брюссельмæ кусæн визит абон райдыдта.