Гиорги Маргвелашвили – Евроцæдис дарддæр кæны Гуырдзыстонæн æххуыс
Гуырдзыстоны президент Гиорги Маргвелашвили æмæ Европæйаг советы президент Дональд Туск æруынаффæ кодтой Гуырдзыстоны фидæны тыххæй, сектортæм гæсгæ æмгуыстады перспективæтыл æмæ æдадсзинады æрдгæй расидтытæ.
Фембæлдыл ныхас сырæзт Гуырдзыстон-Евроцæдисы ассоциацидзинады боны фæткы фæдыл, кæцы æххæссы 2020-æм азмæ приоритеттæм, сæ нымæцы секторон скъабазы реформæтæ æмæ демокративон институтты фæтыхджындæр кæнынмæ.
Гуырдзыстоны президент сæрмагонд хъусдард раздæхта æдасдзинады æрдæм, оккупацигонд территоритыл сырæзт уавæры æрдæм, Уæрæсейы агрессивон политикæйы кой ракодта æмæ Дональд Тускæн бавдыста Гуырдзыстоны æмбæстаг Арчил Татунашвилийы скъæфты æмæ оккупацигонд Цхинвалы уæвыны рæстæджы мæлæты фæдыл информацийы.
Гиорги Маргвелашвилийы ныхæстæм гæсгæ, мæстиаг у уый æмæ оккупацион режим афонмæ нæ дæтты фадат марды æрласын. Арчил Татунашвилиимæ иумæ Ахалгоры ахст Гуырдзыстоны æмбæстгæтæн – Леван Куташвили æмæ Иосеб Павлиашвилийæн ацы рæстæгмæ нæ дæттынц бар оккупацигонд территори ныууадзын.
Уыйимæ иумæ Гуырдзыстоны президент Европæйаг Советы президентæн раарфæ кодта уыцы æнæаргъæвгæ реагиркæныны тыххæй, кæцыйы Евросовет равдыста Арчил Татунашвилийы хъуыыддагыл.
«Фембæлдыл бахахх сты Уæрæсейы провокацион æмæ аннексигæнæн архæйдтытæ Абхазийы æмæ Цхинвалы регионы. Президенты ныхæстæм гæсгæ, фæстаг трагеди ноджы иу хатт бæлвырд кæны уый æмæ æнæмæнгхъæугæ сты æдасдзинады адæймаджы барты сæрылдзурæг æхсæнадæмон механизмтæ. Бансысан ис , цæмæй Гуырдзыстон у конфликты сабырадонæй аскуыддзагы политикæйы æмзæрдæ у, æмæ æнхъæлмæ кæсы банкъаринаг фæстиуджытæм Женевæйы æхсæнадæмон дискусситæй.
Афтæдæр банысан ис уырыссаг-гуырдзиаг конфликты фарсты фæдыл Æхсæнадæмон бонвæткы фылдæр активондзинад, афтæдæр Евроцæдис-Уæрæсейы диалогы формат» – дзырдæуы Гуырдзыстоны президенты пресс-куысты хъусинаджы.
Европæйаг советы президент ноджы иу хатт равдыста æнцой Гуырдзыстоны территорион æнæхъæндзхинадæн, æхсæнадæмонæй разы арæнты фæлгæтты.